филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:27 суббота, 31 января 2026
12 ноября 2025, 10:36
Цæлыччы скъолайы 20 ахуырдзауæй фылдæр райстой рæстæгмæ куыст

Иумæйаг нымæцон платформæ «Уæрæсейы куыст»-ы фæрцы

Иумæйаг нымæцон платформæ «Уæрæсейы куыст»-ы фæрцы, Цæлыччы скъолайы 20 ахуырдзауæй фылдæр райстой рæстæгмæ куыст. Сывæллæттæм хауы скъолайы территоримæ зилын, библиотекæйы æххуыс кæнын, æфснайын æмæ чысыл цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæнын. Ахæм программæйы фæрцы рæзгæ фæлтæр бамбарынц, æхсæнадæн цы пайда хæссынц, уый, стæй бакусынц сæ фыццаг æхцатæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Кусын æмæ уыцы иу рæстæг ахуыр кæнын азæй-азмæ æнцондæр у. Цæлыччы скъоладзаутæ сæ ахуыргæнæндонæй нæ рацæугæйæ æмхиц кæнынц фæллой кæнынмæ. Регинæ æмæ Арсен сты 11-æм кадетон къласы ахуырдзаутæ. Ныр 2 азы кусынц скъолайы пайдайæн. Арæхдæр цы фæрæзтæ райсынц, уыдон бавæрынц кадетон æмбырдтæн. Фарон уыдысты Санкт-Петербурджы, хæстæгдæр рæстæг та ацæудзысты Севастопольмæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын ахæм фæллой æхсызгон у, ис сын уарзон ахуыргæнæндонæн æххуыс кæныны гæнæн.

Скъоладзаутæ æххуыс кæнынц æфснайыны, кълæсты, библиотекæйы æмæ иннæ агъуыстыты чысыл цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæныны, зилынц ахуыргæнæндоны территоримæ дæр. Куыстыты фæархайы 20 хистæркъласонæй фылдæр. Фидынц сын мызд – 4 мины æмæ 500 сомы. Афтæмæй чызджытæ æмæ лæппутæ исынц фыццаг фæллойадон фæлтæрддзинад, фидар сæм кæнынц, фидæны сæ царды цы миниуджытæ бахъæудзæн, уыдон.

Скъоладзаутæ кусынц иумæйаг нымæцон платформæ «Уæрæсейы куыст»-ы фæрцы. Афтæмæй æххæстгонд цæуынц национ проект «Кадры»-йы нысантæ æмæ хæстæ. Кусын райдыдта ацы аз 1-æм январы. Йæ сæйраг хæс у, адæмы куысты бынæттæй æххæст кæнын æмæ дæсны специалистты цæттæ кæнын. Ацы хъæппæрис тынг ахсджиаг у Цæлыччы æрыгон цæрджытæн. Фæрæзтæ исынц Беслæны адæмæн куыст дæттыны центрыуылты.

Ахæм программæйы фæрцы рæзгæ фæлтæр бамбарынц, æхсæнадæн цы пайда хæссынц, стæй бакусынц сæ фыццаг фæрæзтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania