филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:15 суббота, 28 сентября 2024
29 сентября 2021, 13:03
Цæмæй хостæ балхæнай, уый тыххæй республикæйы цалдæр хъæуы цæрджытæн æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ ацæуынц районты центртæм

Афтектæ дзы нæй, кæм ис, уым та изæрыгон нæ кусынц

Цæмæй хостæ балхæнай, уый тыххæй республикæйы цалдæр хъæуы цæрджытæн æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ ацæуынц районты центртæм. Афтектæ дзы нæй, кæм ис, уым та изæрыгон нæ кусынц. Бынæттон администрацитæ уавæр аивынæн мадзæлттæ агурынц, иуæй-иутæ ма суанг лæвар бæстыхæйттæ дæр ссарынц, фæлæ уырдæм фармацевтон бизнес нæ хæццæ кæны. Цы у йæ аххосаг, æмæ кæд аивдзæн хъуыддаг, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Сосранты Жаннæйæн ныхасы бар.

Поселок Южныйы цæрджыты хостæ балхæнынмæ цæуын хъæуы Дзæуджыхъæумæ. Ам иу афтек дæр нæй.  Лариса Чониашвили куыд зæгъы, афтæмæй йын тынг ахъаз сты горæты цы сыхæгтæ кусынц, уыдон. Хæдзармæ цæугæйæ йын семæ æрбаласынц, цы препараттæ йæ фæхъæуы, уыдон. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ ам афтек уыд, фæлæ йæ цалдæр азы размæ сæхгæдтой. Уæдæй нырмæ та сæхæдæг агурынц гæнæнтæ.

Куыд сбæрæг, уымæ гæсгæ, Южный иунæг нæу ахам фарстайаг хъуыддаг кæм ис, ахæм ран. Республикæйы хъæутæй бирæты нæй афтек. Иуты хос балхæнæн ис  амбулаториты æмæ фельдшерон-акушерон пункты. Фæлæ уыцы куыст кæныны бар ис канд сæрмагонд  лицензи кæмæ ис, уыдонæн.  Вирусы ныхмæ хостæ, стæй иммунитет бæрзонддæр кæнæн препараттæ та дзы райсæн ис дохтыры рецепттæм гæсгæ. Николаевскæйы амбулаторийы медицинон хойы ныхæстæм гæсгæ, хъæуы цæрджытæ арæх æрбацæуынц æххуысагур.

Станицæйы афтек нæй æртæ мæйы дæргъы. Фæлæ йæ цæрджытæй уырны, рæхджы ацы сæвзæрст уавæрмæ каст кæй æрцæудзæн, æмæ сын гæнæнтæ кæй фæзындзæн.

Уæдæ Ставд-Дурты цæрджыты та хос балхæнынымæ цæуын фæхъæуы  Елхотмæ.   Хи хæдтулгæ кæмæ нæй, уыдонæн та сæ фæндаг рауайы зындæр. Хæстæгдæр афтек у хъæуæй 20 километры дарддæр. Куы йæм бахæццæ вæййынц, уæд та хостæ балхæнынц фæстæдæрмæ дæр.  Ставд-Дурты сæргълæууæг Уаниты Хъазыбег фарста лыггæнинаг уыд йæхи хъарутæй. Аптекæты иугæндтæй куырдта, цæмæй хъæуы байгом кæной афтек.  Фæлæ никæй бафæндыд.

Бафæндыд нæ базонын афтекты иугондты цæуыл нæ фæнды  республикæйы хъæуты афтектæ байгом кæнын, уый.

Адæмы хостæй æххæстгæнæн хъуыддагыл куыст цæуы, зæгъынц Цæгат Ирыстоны æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады. Ныридæгæн ФАП –тæ æмæ  амбулаторитæ цæуынц, хостæ уæй кæныны бар сын лæвæрд цæмæй æрцæуа, уый тыххæй  лицензи райсыны къæпхæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania