01 апреля 2020, 10:50
Цæмæй республикæйы цæрджытæ хæдзары бадой, уый тыххæй сæм сидынц зындгонд адæм
Се хсæн Цæгат Ирыстоны уарзондæр амонæг, нæ кадджын хистæр æмкусæг Дудиаты Владимир
Ныртæккæ уæлдай ахсджиаг у, гæнæн æмæ амалæй хæдзары уæвын. Алчидæр æй хъуамæ æмбара, Уæрæсейы президент ацы къуыри æнæкусгæйыл дзæгъæлы нæ расидти. Канд фæлладуадзæн бонтæ не сты, фæлæ хи æмæ хæстæджыты бахъахъхъæныны мадзæлттæ аразынæн рæстæг. Уымæ сидынц нæ республикæйы зындгонд адæм дæр. Се хсæн Цæгат Ирыстоны уарзондæр амонæг, нæ кадджын хистæр æмкусæг Дудиаты Владимир.




