филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:27 воскресенье, 01 февраля 2026
10 января 2023, 11:22
Цæрæгойтыл аудæг Дзуццаты Зауырбег

Фылдæр хатт Цæгат Ирыстоны паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынаты наукон кусæг рынчын сырдтæм базилы æмæ сæ рауадзы æрдзмæ

Енотыхуызæн куыйтæ, æхсæрсæттæг, сæгуыт æмæ æндæр цæрæгойтæ æрæмбырд сты Дзуццаты Зауырбеджы хæдзары Дæллаг Санибайы. Фылдæр хатт Цæгат Ирыстоны паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынаты наукон кусæг рынчын сырдтæм базилы æмæ сæ рауадзы æрдзмæ. Зауырбегæн æцæг хæлæрттæ чи систы, ахæм цæрæгойтæ дæр ис. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы æхсæрсæттæджы лæппын хуыйны Орешек. Мæй дæр ыл нæма цыд, Дзуццаты Зауырбеджы хæдзармæ куы бахауд, уæд. Ссардтой йæ парчы. Фыццаг, хæрын дæр куымдта.

Тæлфаг æхсæрсæттæг байрæзт адæмы хсæн æмæ къухтæм æдæрсгæйæ цæуы. Арæх фæбады бинонтимæ стъолы уæлхъус. Ныртæккæ æнцонæй згъоры кæрты, фæлæ ма йæ æрæджы дæр къалатийæ уадзын æдас нæ уыд.

Уæвгæ, хъæддаг сырдтæ Дзуццаты Зауырбеджы хæдзары сæхи ног хуызы равдисынц. Афтæ сынт Винсент у йæ хицауы æцæг хъахъхъæнæг. Исчи йæм куы æрбахæстæг вæййы, уæд маргъ цæттæ вæййы йæ фарс рахæцынмæ. Сынты Зауырбегæн балæвар кодтой 26 боны йыл куы цыд, уæд. Куыд зæгъы, афтæмæй тагъд йæ бон суыдзæн адæймаджы ныхас фæзмынын.

Дзуццаты Зауырбег, Цæгат Ирыстоны паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынаты наукон кусæг: «Тынг зондджын цъиутæ сты. Чи нæм æрбацæуы, æппæт уыцы уазджыты зæрдæтæ балхæны. Æцæгæйдæр у тынг зондджын цъиу. Алы бон йæ зонд æвдисы. Цы нæ йын зæгъай, алцыдæр æмбары. Хуызтæ дæр иртасы. Бафæрс æй: «Бур кæм ис?» æмæ йæ равдисдзæн. Æхца кæм ис, уый дæр равдисдзæн. Афтæмæй нырма цъиу у. Цас фылдæр йемæ кусай, уый бæрц зондджындæр кæндзæн, æмæ йæ зонындзинад æвдисдзæн».

Ам ис енотыхуызæн куыйтæ дæр. 3 азы размæ сæ волонтертæ балхæдтой Дагестаны сырдты фермæйы. Рацыди сын 2 цæуæты. Къæбылаты къухтæм нæ ахуыр кæнынц, æфсадынц сæ, хъæды сæ бон ссарын кæй уыдзæн, ахæм хойрагæй.  Уый фæстæ сæ рауадзынц хъæддаг æрдзмæ. Сæгуыты та ауадзæн нæй. Цæрæгойы ссардтой кусджытæ Сапицкийы уæлмæрдты.

Дзуццаты Зауырбег, Цæгат Ирыстоны паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынаты наукон кусæг: «Дзæгъæл куыйтæ йæ батардтой, йæ къах фæцæф ис. Кусджытæ йæ æрцахстой, фæдзырдтой мæм.Бацыдтæн, бастæй йæ аластам фосы дохтыртæм, йæ къах ын бахуыдтам. Абоны бон йæхи хорз хаты, æмæ ам адæмы зæрдæтæ рухс кæны».

Енотыхуызæн куыйтæ, тæрхъустæ, æхсæрсæттæг, сæгуыт æмæ сынт. Хæдзарон сырддон бабæрæг кæнын у алкæйы бон дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania