филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:34 понедельник, 15 декабря 2025
17 сентября 2019, 18:36
Цæрæнуæтты-коммуналон фарстатæ сæвзæрдысты Толстойы æмæ Августы цауты уынджы цæрджыты хсæн

Бæлвырддæр та – быцæу сæвзæрди сыхæгты хсæн.

Цæрæнуæтты-коммуналон фарстатæ сæвзæрдысты Толстойы æмæ Августы цауты уынджы цæрджыты хсæн. Бæлвырддæр та – быцæу сæвзæрди сыхæгты хсæн. Иу хæдзар ныккæлыныввонг у иннæтæ сæ хæдзармæ уæлæмхасæн арæзтад кæй бафтыдтой, уый тыххæй. Тæрхондон рахаста уынаффæ, арæзтад фехалыны тыххæй. Уавæр равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд.

Людмила Поповайы рагон хæдзар, куыд фæзæгъынц, скъуыдтæ кæны. 19-м æнусы дыккаг æмбисы арæзтадæн тæссаг у ныккæлынæй. Людмилæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ахæм уавæр сæвзæрд сыхаг бæстыхайы хицау дыккаг уæладзыг аразын куы райдыдта, уæд.

Цæмæй йæ хæдзар фервæзын кæна, уый тыххæй Людмила æххуысагур бацыди тæрхондонмæ. Хæдбар экспертизæ дæр загъта йæ хъуыды: арæзтад æцæгæйдæр нормæтæм гæсгæ конд нæу, æмæ домæнтæн дзуапп нæ дæтты. Людмилæмæ ис æппæт хъæугæ документтæ. Ивгъуыд азы апрелы, Уæлдæр тæрхондон рахаста уынаффæ, объект фехалыны тыххæй. Фæлæ хъуыддагыл нæ фæзынди. Æмæ йын дзуапп дæр ничи дæтты. Уыцы рæстæг та хæдзары къултыл фæзынди ног фазтæ. Не сфæлдыстадон къордимæ арæзтады хицауы сæмбæлын нæ бафæндыди. Йæхи рдыгæй уый дæр курдиат балæвæрдта тæрхондонмæ.

Уавæры тыххæй дзуапп нæ радтой Дзæуджыхъæуы администрацийы дæр. Ног процесс бауæрæдта æххæстгæнæгпъырыстыфты куыст дæр. Арæзтад хъуамæ фехæлдтаиккой 12-æм сентябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania