19 марта 2025, 10:41
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады бонмæ кадджын мадзал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы Цæгат-Ныгуылæн районы
Ацы къабазы кусджытæ кæнынц стыр æмæ ахадгæ фæллой
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады бонмæ кадджын мадзал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы Цæгат-Ныгуылæн районы. Ацы къабазы кусджытæ кæнынц стыр æмæ ахадгæ фæллой. Сæ фæрцы æхсæвæй-бонæй адæмы хæдзæрттæм цæуы хъарм, электрон тых. Уынгты, скверты æмæ фæзты та æххæстгонд цæуынц санитарон домæнтæ. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ бæрæгбоны фæдыл ацы системæйы 12 кусæгæн арфæтæ ракодта Дзæуджыхъæуы Цæгат-Ныгуылæн æмæ Фæстерчы районты администрацийы разамонæг Игорь Шаталов. Радта сын арфæйы фыстæджытæ, дидинджытæ, æмæ загъта – се рвылбоны фæллойы фæрцы нæ горæт кæй кæны рæсугъддæр æмæ сыгъдæгдæр. Уæ къухы фылдæр профессионалон æнтыстдзинæдтæ бафтæд.
темæмæ гæсгæ




