филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:22 воскресенье, 29 сентября 2024
16 марта 2020, 12:26
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куысджыты боны фæдыл къабазы хуыздæр архайджытæ хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй

Кадджын мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куысджыты боны фæдыл къабазы хуыздæр архайджытæ хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй æмæ сæрмагонд хæрзиуджытæй. Кадджын мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, парламенты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Бокоты Эльбрус, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Загъд куыд уыд, афтæмæй æрмæст 2019-æм азы лæггæдты хæрдзтæ уыдысты 15 миллиард сомæн, сæххæст кодтой æрдзон газы 945  милуан кубометры, электрон тых та 1 миллиард 500 милуан сахаты. Ацы нымæцтæ къухы бафтыдысты хуымæтæг фæллойгæнæг адæмы фæрцы æмæ сын министр загъта бузныг. Кадджын мадзалмæ æрбахуыдтой, 10 азæй 40 азы онг цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы  æвæллайгæ фæллой  чи кæны, уыцы адæмы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania