филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:10 воскресенье, 19 мая 2024
12 августа 2019, 17:00
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ бацæттæ кæныныл куыст цæуы фæткмæ гæсгæ

Уый тыххæй Битарты Вячеславæн фехъусын кодта Таматы Майрæн. Куыстытæ цæуынц коммуналон кампаниты фæрæзтæй.

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ бацæттæ кæныныл куыст цæуы фæткмæ гæсгæ.

Уый тыххæй Битарты Вячеславæн фехъусын кодта Таматы Майрæн. Куыстытæ цæуынц коммуналон кампаниты фæрæзтæй. Ныхас цыд хъæутæм газ бауадзыны фарстайыл. Ахсау, Мацъутæ, Дæллаг Ларс, Зæдæлеск æмæ Архонкæйы арæзт цæуынц газуадзæны ног уаццагтæ. Дзинагъайы куыстытæ ныридæгæн фесты. Горæтгæрон районы поселок Новыйы та газуадзæн радтой эксплуатацийы. Национ проект «Экологи» æххæст кæнгæйæ, 2024-æм азмæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæ 99% онг ифтонггонд æрцæудзысты хæрзхъæд нуазыны донæй. Республикæйы доны хызты мониторинг рабæрæг кодта, дондзæуæн ситсемæйы модернизацийæн бахъæудзæн 10 миллиард сомæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania