филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:16 воскресенье, 01 февраля 2026
27 мая 2022, 11:26
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады рæзты фарстатыл ныхас цыди, Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыди, уым

Æрныхас дзы кодтой, ацы азы 4 мæймæ коммуналон лæггæдтæй абоненттæ цы хæстæ дарынц, уыдоныл

Республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы рæзты фарстатыл ныхас цыди, Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыди, уым. Æрныхас дзы кодтой, ацы азы 4 мæймæ коммуналон лæггæдтæй абоненттæ цы хæстæ дарынц, уыдоныл. Афтæ, фарон ацафонимæ абаргæйæ, газы фиддонты æмвæзад фæкъаддæр 5%. Электрон тыхы фиддонтæ та сты 99%. Дзанайты Барис бахæс кодта, хæсджынтимæ уавæр снывыл кæнын, æмæ амæй фæстæмæ фиддонты æмгъуыд ма дарддæр кæнын. Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой бындурон цалцæджы фиддонты ныртæккæйы уавæрыл дæр. Ам бафиппайдтой хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ. Фаронимæ абаргæйæ, фиддонты æмвæзад 50% схызтис 55 %-мæ. Ацы аз фæнд кæнынц 47 бирæфатерон хæдзары сцалцæг кæнын, уыдонæй 11-ы куыстытæ ныридæгæн фесты. Проектон-сметон документаци ма цæттæгонд цæуы 21 хæдзарæн. Хицауады сæрдар загъта, адæм хъуамæ бæлвырдæй зоной, æхца цæмæн фидынц, æмæ хæдзæртты бындурон цалцæгмæ цы хауы, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania