филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:11 суббота, 28 сентября 2024
02 декабря 2021, 11:43
Цæрыны уавæртæй тыхсы æрыгон ныййарæг Виктория Мага

Бæлвырддæр та – бирæ азты рахау-бахау кæны æххуырсгæ фатертты

Цæрыны уавæртæй тыхсы æрыгон ныййарæг Виктория Мага. Бæлвырддæр та – бирæ азты рахау-бахау кæны æххуырсгæ фатертты. Уыимæ, фатертæ вæййынц кæлæддзаг. Æмæ ацы хъхуыддагæн кæрон нæй. Уæвгæ та Виктория хауы сидзæр сывæллæтты хыгъдмæ. Паддзахадæй йын æмбæлы  аккаг цæрæнуат. Фæлæ йæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ нырмæ нæ райста. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Æрыдоны Комаровы уынджы 5-æм хæдзар. Бæстыхай нымад æрцыди кæлæддзагыл, нæй дзы хъарм, пъолтæ къæхты бын мæнæ-мæнæ ныттоной. Ахæм уавæрты Виктория Мага цæры йæ дыууæ чызгимæ. Ацы фатер æрыгон мадæн, куыд сидзæрæн, радта паддзахад. Уæвгæ йын фыццаг фатер нæу, ахæм уавæры.

Хæдзар райхæлдтой, æххуырст фатеры бадзырд Викторияйы къухы баззад, фæлæ хæдзар афтæ дæр нæ уыди.

Дыккаг сывæллонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, Виктория Æрыдоны баххуырста ацы фатер. Æмæ йæ сидзæрæн районы администраци уый фæстæ радта Алагиры кæлæддзаг хæдзары бæсты. Фæлæ æххуырсгæ фатеры бадзырд сылгоймагимæ нæ бафыстой, стæй закъон куыд амоны, афтæ республикæйы исбонмæ цæрæн бынат лæвæрд не рцыди. Виктория Мага цы хæдзары цæры, уый 2019-æм азы банымадтой, райхалын кæй хъæуы, ахæм кæлæддзагыл. Фæлæ бинонтæ кæдæм ацæуой, уый сын нæй.

Бирæ азты рахау-бахауæй, кæй зæгъын æй хъæуы, æрыгон ныййарæг бафæллад, æмæ сфæнд кодта  прокуратурæмæ ныффыссын. Уыдон та сæ бæрæггæнæнтæ арвыстой тæрхондонмæ.

Прокуратурæйы бæрæггæнæнты æрмæджытæм гæсгæ, Алагиры районы бынæттон администрацийы бæрнон кусджытæй цалдæрыл байгом кодтой уголовон хъуыддæгтæ, сæ куысты бартæй цас æмбæлы, уымæй фылдæр кæй пайда кодтой, уый тыххæй. Слестгæнæн мадзæлттæм йæ цæст дары республикæйы прокуратурæ. Уыцы рæстæг та уал Виктория Мага æнхъæлмæ кæсы хæдзармæ.

 

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania