филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:45 воскресенье, 01 февраля 2026
11 мая 2023, 11:21
Цæттæгæнæн курс цæуы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ахуыргæнæн пункты

Арæзт куы рцыд, уæдæй нырмæ дзы сæ фæлтæрддзинадыл бафтыдтой сæдæгай профессионалтæ

Фæздæгуадзæн камерæйы архайын, арты сæрты ахизын, психологон цæттæдзинадыл бакусын. Ацы æмæ æндæр фæлтæрæнтæ сæххæст кæнын хъæуы фидæны зынгхуыссынгæнджыты. Цæттæгæнæн курс цæуы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ахуыргæнæн пункты. Арæзт куы рцыд, уæдæй нырмæ дзы сæ фæлтæрддзинадыл бафтыдтой сæдæгай профессионалтæ. Афтæмæй ныртæккæ республикон центр Цæгат Кавказы федералон зылды нымад у хуыздæртæй иуыл. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Дарддæр та хъæуы кусæнгæрзты хæрзхъæддзинадмæ æркæсын æмæ баллоны æлхъывдад сбæрæг кæнын. Æнæ уыцы домæнтæй зынгхуссынгæнæг йæ хæстæм æххæст кæнынмæ нæ бавналдзæн. Æмæ кæд ахуырты ирвæзынгæнджытæн рæстæг ис, уæд æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг уыцы куыстытæ бакæнын хъæуы æрмæстдæр иу минутмæ. Зынгхуыссынгæнæджы дæсныйад хуымæтæг нæу, æмæ алкæмæн нæ басæтты.

Куыд ахсджиаг æмæ зын куыст у, уый тыххæй фидæны ирвæзынгæнджытæ ныридæгæн базыдтой. Теорийæ æвæстиатæй рахизынц практикæмæ. Дæсныйады зындзинæдтæ бавзарынц сæхиуыл. Архайынц уæззау техникæимæ, сæйрагдæр у æвæстиатæй кусын. Лæппутæ куыд арæхсынц, уымæй аразгæ у арт куыд тагъд ахуыссын кæндзысты, уый. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм ахуыртæ фцæуынц 3 мæйы дæргъы. Куыд зæгъынц, афтæмæй хатдзæгтæ фенæн вæййы фыццаг бонтæй фæстæмæ. Ам канд дæсныйады сусæгдзинæдтæ нæ базонынц, фæлæ ма сæхицæн сбæлвырд кæнынц – алы хъуыддаджы дæр кæй хъæуы дисциплинæйыл кусын.

Ахуыргæнæн пункты кусынц алы хуызты. Зынгхуссынгæнджытæй дарддæр ма дзы цæттæ кæнынц æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæрмагонд техникæйы шофырты, диспетчерты æмæ ма суанг химикты-дозметристты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania