филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:59 понедельник, 08 июля 2024
01 сентября 2014, 11:51
Цалцæггæнæн куыстыты фæстæ байгом сывæллæтты спортивон скъола «Æвзонгдинад»

Бабæрæг æй кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Скъолайы директор Бæззаты Джамболат ын равдыста ног футболон фæз. Сæрмагонд æрмæг дзы байтыдтой дыууæ мæйы размæ, футболы райрæзты программæ æххæст кæнгæйæ. Ныртæккæ ам аразынц трибунæтæ мин æмæ фондз сæдæ адæймагæн.

74002
Цалцæггæнæн куыстыты фæстæ байгом сывæллæтты спортивон скъола «Æвзонгдинад». Бабæрæг æй кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Скъолайы директор Бæззаты Джамболат ын равдыста ног футболон фæз. Сæрмагонд æрмæг дзы байтыдтой дыууæ мæйы размæ, футболы райрæзты программæ æххæст кæнгæйæ. Ныртæккæ ам аразынц трибунæтæ мин æмæ фондз сæдæ адæймагæн. Кæд дзы нырма цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц, уæддæр уый тренировкæгæнджыты нæ хъыгдары. Бастыхай дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн. Бамбæрзтой йын йæ сæр, сарæзтой дзы хинайæнтæ, спортивон залтæ. Æппæт куыстытыл бахардз кодтой 65 милуан сомы. Фæнд ма кæнынц сколайы алфамблай фæзмæ базилын дæр. Ацы спортивон скъолайы тренировкæтæ фæкæнынц 700 лæппуйы. Бæззаты Джамболаты хъуыдымæ гæсгæ, семæ кусынц фæлтæрдджын тренертæ, раздæр алыхузон зындгонд командæты чи хъазыд, ахæм спортсментæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania