филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:37 воскресенье, 19 мая 2024
30 октября 2013, 11:06
Цардархайды ахсджиаг объекттæ зынгсирвæзтытæй хъахъхъæныны æмæ доны объектты адæмы æдасдзинадмæ хъус дарыны фарстатæм æркаст Хицауады сæрмагонд къамис

Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий.

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады кусæндæтты фæстаг рæстæг бирæ мадзæлттæ конд æрцыд зынгсирвæзтыты ныхмæ. Адæм æхсæвæй-бонæй кæм вæййынц, уыцы 31 рынчындонæй 23-йы сарæзтой автоматикон сигнализаци.

Цардархайды ахсджиаг объекттæ зынгсирвæзтытæй хъахъхъæныны æмæ доны объектты адæмы æдасдзинадмæ хъус дарыны фарстатæм æркаст Хицауады сæрмагонд къамис. Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий.

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады кусæндæтты фæстаг рæстæг бирæ мадзæлттæ конд æрцыд зынгсирвæзтыты ныхмæ. Адæм æхсæвæй-бонæй кæм вæййынц, уыцы 31 рынчындонæй 23-йы сарæзтой автоматикон сигнализаци. Цалдæр фарстайы баст уыдысты зымæгмæ цæттæ кæнынимæ. Зæнгионты Виталий йе `ргом аздæхта хи хæдзæртты уавæрмæ, уымæн æмæ ацы аз 23 адæймаджы амардысты зынгсирвæзтыты. Уымæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг кусæг къордтæ хъуамæ сбæрæг кæной, зæронд пецтæй кæй хъарм кæнынц, уыцы хæдзæрттæ, цæмæй адæм уой æдасдæр. Арæх зымæгон адæм донуæттæм фæцæуынц кæсаг ахсынмæ, æмæ сæ цардæн уый вæййы тæссаг, уымæн æмæ их фаг нæ ныссæлы. Хаст æрцыд уынаффæ, цæмæй, донуæттæн дзуапп чи дæтты, уыдон адæмæн хъусын кæной хи дарыны домæнтæ. Къамис ма æрдзырдта Цъæйы комы æмæ Дыгургомы фадæттыл. Хъуамæ дзы кусой барадхъахъхъæнджытæ, дохтыртæ, ирвæзынгæнджытæ æмæ зынгхуыссынгæнджытæ. Боны фæткы æппæт фарстаты фæдыл хаст æрцыдысты бæлвырд уынаффæтæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania