филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:10 воскресенье, 01 февраля 2026
24 ноября 2023, 11:12
Царды ахсджиагдæр цаутæн сæ хуыз сисын

Нæ программæйы дарддæры æрмæджы хъайтар уарзы къамтæ исын

Царды ахсджиагдæр цаутæн сæ хуыз сисын. Нæ программæйы дарддæры æрмæджы хъайтар уарзы къамтæ исын. Уæлдайдæр та ноггуырдты. Къам исыны уыцы къабаз хуыйны – new born. Дзестелты Маринæ ацы куыст фыццаг аз нæ кæны æмæ йæ æххæст кæны бæрнонæй.  Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Чысыл Арианæйыл мæй дæр нæма цæуы. Рæсугъд къаба æмæ аив сæрыфаст – саби цæттæ у фыццаг æцæг фотосессимæ. Ноггуырдты хуызистытæ кæнын – бæрнон куыст у, фæлæ Дзестелты Маринæйæн уый у йæ царды хъуыддаг.

Арианæ йæ чысыл къухтæй фидар хæцы качелитыл. Æмæ мæнæ хуызистыл цыма фæтæхы, афтæ. Ныр 3 азы Дзестелты Маринæ исы сабиты къамтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй ноггуырдты хуызистытæ кæнын хуыздæр у, 2 къуырийы сыл куы фæцæуы, уæд. Уыцы рæстæг сывæллæттæ вæййынц æнцондард, хорз фынæй кæнынц, ницы ма сæ тыхсын кæны.

Арианæ йæхи дары, цыма фæлтæрдджын фотомодель у, афтæ. Мидбыл худы, уырыдзы æрбалхъивы, æмæ цымыдисæй кæсы аппаратурæимæ адæммæ. Ацы къамтæм чызг кæсдзæн куы айрæза уæд, йæ ныййарджыты зæрдæты та баззайдзæн ахæм чысыл сабийæ.

2 азы сывæллæтты хъахъхъæныны æппæтадæмон бонмæ Дзæуджыхъæуы Терчы былы фæзтæй иуы вæййы Дзестелты Маринæйы равдыст «Дети – наше все». Йæ куыстытæ цымыдисаг вæййынц горæты цæрджытæн. Хуызисæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ царды ссардта, йæхицæн æмæ адæмæн æхцондзинад чи хæссы, ахæм хъуыддаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania