Уыдон баст сты царды алы къабæзтимæ
Царды цыдимæ хъуамæ нæ кадджын фыдæлтимæ баст хъуыддæгтæ ма фесæфой. Уыдон баст сты царды алы къабæзтимæ. Сæ алкæцыйыл дæр куыст кæм цæуы, уыдонæй иу у Æрæфы районы хъæу Хæзныдон. Ацы хатт не сфæлдыстадон къорд уæ размæ рахæсдзæн сæ дæнцæгæн æрхæссинаг хъуыддаг – сæ уæлмæрдтæ. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.
Батоты Ольгæ Хæзныдоны цæры йæ райгуырдæй. Бирæ хъуыддæгтæ федтæ йæ царды дæргъы, фæлæ ацы бон та цин кæны хъæуы уæлмæрдты уавæрыл.
Бæгуыдæр уæлмæрды уавæр хъæуы цæрджыты цæсгом у. Йæ уавæр бирæуыл дзурæг у. Æнæмæнг, алцы къухы не фты, алкæйы хъуыдыйы нæ цæуы иннæйы æнцондзинадмæ, фæлтæрты цардмæ æвæрæн бахæссын, фæлæ Боллоты Таймуразы фæндон та царды аивдзинадæй йæ бынат ссардта, – зæгъы Хæзныдоны хъæуы сæргълæууæг Гегкиты Рамазан.
Хæзныдоны ис æртæ уæлмæрды, се ппæтмæ дæр зылд цæуы. Иу у хъæуы астæу, æмæ кæд рагæй дæр æхгæд у, уæддæр рохы бынаты нæй. Боллоты Таймуразы зæрдæйы цы фæрнджын хъуыддаг саразын æрæфтыд, уый бирæ цæрæн бынæттæн у бафæзминаг. Ныр та ма Хæзныдоны иу цæрæг, Уаниты Хъазыбеджы дæр бафæндыд, уыцы хорз хъуыддагмæ æвæрæн бахæссын.
Æнæмæнг, ацы æрмæгмæ кæсджытæй алкæмæ дæр сæвзæрдзæн йæхи хуызы хъуыдытæ. Фæлæ мах нысан та у уый, цæмæй кæстæртæ æмбарой абоны ацы хæзнатæ бахъахъхъæныныл чи кусы, уыдоны нæмттæ хъуыды кæнын кæй хъæуы, сæ æрхъуыдытæ фæзмын, сæ сарæзт хъуыддæгтæ та хъæхъхъæнгæйæ дарддæр фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнын.




