Йæ сæйраг нысан у фидæны амалхъом адæмы раиртасын сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хыгъдæй
Центр «Мой Бизнес»-ы арæзт æрцыд ахуырадон мадзал «Экскурси амалхъомдзинадмæ». Йæ сæйраг нысан у фидæны амалхъом адæмы раиртасын сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хыгъдæй. Программæ арæзт у дыууæ хайæ. Фыццаджы – экспертимæ куыст. Фæлтæрдджын бизнес-тренер Евгений Небайкин скодта интерактивон сесси. Уым бæстон æрлæууыд амалхъомдзинады æмæ райдайгæ бизнесменты архайды бындуртыл. Уæлæмхасæн ма мадзалы архайджытæ ацыдысты тестытæ, цæмæй базоной сæ амалхъомдзинады миниуджытæ. Теори сфидар кодтой практикæйыл. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн арæзт æрцыд экскурси республикæйы куыстуæттæм. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ мадзал сæххæст кодтой национ проект «Ахадгæ æмæ ерысхъом экономикæ»-йы фæлгæты.




