филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:28 воскресенье, 29 сентября 2024
10 сентября 2014, 11:10
Центрон æвзарæн къамисы уыд æвзæрстыты агъоммæ æмбырд

Цæгат Ирыстоны Парламентмæ уæлæмхасæн, бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм æмæ Дзæуджыхъæуы муниципалон скондмæ æхсæзæм æмбырды депутатты æвзæрстыты рагагъоммæ схъæлæс кæныны барæй спайда кодтой 820 адæймаджы.

74187

Цæгат Ирыстоны Парламентмæ уæлæмхасæн, бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм æмæ Дзæуджыхъæуы муниципалон скондмæ æхсæзæм æмбырды депутатты æвзæрстыты рагагъоммæ схъæлæс кæныны барæй спайда кодтой 820 адæймаджы.
Уый тыххæй фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы æмбырды. Куыд загътой, афтæмæй 14-æм сентябры Дзæуджыхъæуы кусдзæн 146 æвзарæн участокы. Уыдонæй 21 – уыдзысты æхгæд. Ифтонг сты æппæт хъæугæ техникæйæ æмæ кусæнгæрзтæй. 18 хайады дзы æвæрд уыдзысты КАИБ-тæ, бюллетентæ йæхæдæг чи нымайы, ахæм æвзарæн урнæтæ.
Дзæуджыхъæуы муниципалон скондмæ депутатты æвзардзыты 9 партийæ. Политикон партиты регионалон хайæдтæй регистрацигонд æрцыд 131 адæймаг. Иумандатон зылдтæй, политикон партитæй ис 82 кандидаты, 9 адæймаджы та сæхæдæг балæвæрдтой сæ курдиæттæ.
Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы секретарь Ольга Маркова куыд фехъусын кодта, афтæмæй æппæт æвзарæн хайæдтæ дæр сбæрæг кодтой. Иууылдæр дзуапп дæттынц æдасдзинады æмæ зынгсирвæзтыты ныхмæ домæнтæн.
Æвзæрстыты бон рад хæсдзæн 900 барадхъахъхъæнæн оргæнты кусæгæй фылдæр. Алы участочы дæр кусдзæн 7 пъæлицæйаджы.
Æмбырды рæстæг парти «Уæрæсейы патриотты» минæвæрттæ загътой æвзарæн къамисты уæнгтыл кæй не *ууæндынц æмæ сын сæ куыст раст кондыл кæй нæ нымайынц, уый тыххæй.
Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы сæрдар Кадиты Константин куыд загъта, афтæмæй æппæт хъæстытæм дæр æркæсдзысты æмæ сбæрæг кæндзысты сæ рæстдзинад. Æмтгæй та æвзæрстытæм сты цæттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania