филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:35 вторник, 03 ноября 2026
28 октября 2019, 12:40
Центрон æвзарæн къамис бахыгъта Беслæны æвзæрстыты рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæ

Беслæны минæвæртты æмбырдмæ æвзæрстыты, æмтгæй райсгæйæ, архайдта цæрджыты 41.2%

Центрон æвзарæн къамис бахыгъта Беслæны æвзæрстыты рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæ. Беслæны минæвæртты 7-æм æмбырдмæ æвзæрстыты, æмтгæй райсгæйæ, архайдта цæрджыты 41.2%. Республикæйы центрон æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ фыццаг бынат ахсы парти «Иугонд Уæрæсе». Ис сæм 46.4% хъæлæстæ. Дыккаг бынаты ис «Рæстдзæвин Уæрæсе», æртыккæгтæ сты «Патриоттæ».

Бигъаты Сæрмæт фыццаг хатт дæтты йæ хъæлæс. Æстдæс азы йыл нырма æрæджы сæххæст. Ныртæккæ цæры æмæ ахуыр кæны Дзæджыхъæуы, фæлæ уæддæр йæхицæн хæсыл банымадта йæ райгуырæн горæты æвзæрстыты архайын.

Æдæппæтæй Беслæны куыста фынддæс æвзарæн къамисы. Уыдонæй алкæцыйы дæр уыдис мобилон къорд. Йæ хыгъды партион æмæ æхсæнадон цæстдарджытæ, афтæмæй, цыдысты, сæ бон æвзарæн хайæдтæм æрбацæуын кæмæн не ссис, уыцы адæмы хæдзæрттæм. Хъамбегаты Эмилияйæн ахсджиаг уыдис æвзæрстыты йæ хъæлæс раттын. Æппæты фыццаг мобилон къорд бабæрæг кодта сылгоймаджы. Афтæмæй схъæлæс кодтой астсæдæ адæймагæй фылдæр.

Æвзарæн хайæдты уыдис сæдæ цыппор æртæ цæстдарæджы æмæ къамисы æстай фараст уæнджы. Барадхæлдтытæ сбæрæг сты политикон парти «Уæрæсейы патриотты» рдыгæй.

Территориалон æвзарæн къамисы уыимæ разы не сты. Къамисы сæрдар Плиты Людмилæ куыд зæгъы, афтæмæй дзы уыдис чысыл барадхæлдтытæ. Фæлæ дзы уæддæр сбæрæг ис иу административон барадхæлд. Беслæны цæрæг хъæлæс кодта æмгъуыдæй размæ, фæлæ та ногæй æрбацыд æвзарæн хайадмæ хъæлæс кæныны бон. Фæлæ æмтгæй райсгæйæ, æвзæрстытæ ацыдысты закъоны бындурыл — бахахх кодта Плиты Людмилæ.

Дыууын авд мин æвзарæгæй схъæлæс кодтой цыппор иу проценты. Тагъд рæстæг та центрон æвзарæн къамис зæгъдзæн кæронбæттæн бæрæггæнæнтæ. Уæд базондзыстæм, Беслæны минæвæртты æмбырды депутатты нæмттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania