филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:25 вторник, 17 марта 2026
14 ноября 2024, 10:50
Цхуырбаты Зауырбег æмæ Валерий Васильев араст сты Сочимæ «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты кубок»-ы æппæтуæрæсеон ерысты финалмæ

Стъараполы регионты *хсæн турниры рамбылдтой майдантæ арм-рестлингæй æмæ стъолы теннисæй

Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ Цхуырбаты Зауырбег æмæ Валерий Васильев араст сты Сочимæ «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты кубок»-ы æппæтуæрæсеон ерысты финалмæ. Стъараполы регионты *хсæн турниры рамбылдтой майдантæ арм-рестлингæй æмæ стъолы теннисæй. Финалон къæпхæны æрæмбырд уыдзæн сæрмагонд операцийы 600 ветераны онг бæстæйы 87 регионæй. Ерысты размæ фæстаг тренировкæйы Зауырбег æмæ Валерийимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Цхуырбаты Зауырбег хæстон цауты размæ профессионалон æгъдауæй архайдта арм-рестлингæй. Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъды сси Европæйы фыццаг баныт бацахсыны турниры бронзæ призер. Фронты цы цæфтæ райста, уыдон нæ баурæдтой Зауырбеджы, æнтыстджынæй та раздæхт спортмæ. Бацахста фыццаг бынат регионты *хсæн ерысты арм-рестлингæй сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты *хсæн. Турнир хуынд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты кубок». Ныртæккæ Зауырбег фæнд кæны йе *нтыстдзинад сфидар кæнын æппæтуæрæсеон финалы.

Йæ хъарутæ бавзардзæн Валерий Васильев дæр. Уæззау цæфты фæстæ сæрмагонд операцийы ветеран йæхи ссардта стъолы теннисы. Регионты *хсæн ерысы Цæгат Ирыстоны хыгъд фæхъæздыг кодта бронзæ майданæй. Куыд зæгъы, афтæмæй теннисы ахсджиаг у æрмæст спортивон цæттæдзинад нæ, фæлæ стратегион хъуыдыкæныныд дæр. Куыд шахмæтты, афтæ хынцын хъæуы ныхмæлæууæджы цыд. Теннисæй фæстæмæ ма, ветеран архайы уæззау атлетикæйæ дæр.

«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты кубок»-ы финалон къæпхæн Сириусы фæзы сæмбырд кæндзæн сæрмагонд операцийы 600 ветераны онг бæстæйы 87 регионæй. Архайджытæ ерыс кæндзысты арм-рестлингæй, стъолы теннисæй, мысан æхсынæй, пауэрлифтингæй æмæ фатæй æхсынæй. Финал уыдзæн 14-æмæй 17 ноябры онг. Чемпионат арæзт у «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды хъæппæрисæй. Йæ нысан у сæрмагонд операцийы ветеранты социалон адаптаци.

Фæндты та ис ацы куыст тыхджындæр кæнын. Иннæ аз уыдзæн регионты *хсæн 4 кубокы. Фыццаг хатт арæзт æрцæудзысты «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты æппæтуæрæсеон кубок» зымæгон спорты хуызтæй æмæ ерыстæ «Нæ рæстæджы хъайтартæ».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania