филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:27 суббота, 31 января 2026
12 декабря 2024, 10:58
ЦИПУ-йы арæзт æрцыд ног зонадон альбом «Аланийы кæмтты топонимикæ»-йы равдыст

Проекты сæйраг хæс уыд республикæйы кæмтты топонимтæн этимологон иртæстытæ скæнын

ЦИПУ-йы арæзт æрцыд ног зонадон альбом «Аланийы кæмтты топонимикæ»-йы равдыст. Проекты сæйраг хæс уыд республикæйы кæмтты топонимтæн этимологон иртæстытæ скæнын. Æвзæрст æрцыдысты æппæты зындгонддæр æмæ адæмæн уарзондæр туристон маршруттæ Уæлладжыры, Куырттаты, Дайраны, Дыгуры, Хъæрмæдоны, Цъæйы кæмтты. Иртасджытæн сæ куыст уыд алывæрсыг: пайда кодтой архивты æмæ картографион æрмæджытæй, кастысты къамистытæм, сæхæдæг бабæрæг кодтой алы бынат дæр. Уæлдай цæстдард цыд национ ститилистикæйы конд нырыккон арт-объекттæм. Альбом саразыныл куыстой ЦИПУ-йы ахуыргæндтæ. Проект «Аланийы кæмтты топонимикæ» царды уагъд æрцыд Уырыссаг географион æхсæнады, Уæрæсейы историон æхсæнады æмæ фонд «Фыдыбæстæйы истори»-йы грантон æххуысæй. Электрон хуызы йæ бакæсæн ис ЦИПУ-йы сайты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania