Финалы сæ тыхтæ бавзарынмæ Дзæуджыхъæумæ æппæт Уæрæсейæ æрæмбырд 350 архайæджы, 150 – сæ разамонджытæ
ЦИПУ-йы ацыд æппæтуæрæсеон олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн историйæ. Финалы сæ тыхтæ бавзарынмæ Дзæуджыхъæумæ æппæт Уæрæсейæ æрæмбырд 350 архайæджы, 150 – сæ разамонджытæ. Бæстæйы скъоладзауты хсæн ацы олимпиадæ у æппæтæй егъаудæр интеллектуалон ерыс. Ацы аз мадзал цæуы Уæрæсейы 15 субъекты. Олимпиадæйы уæлахиздзауты æмæ призерты дипломтæ дæттынц Уæрæсейы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты профилон факультеттæм æнæ фæлварæнтæй бацæуыны фадат. Олимпиадæйы архайджытæн скодтой экскурситæ, равдыстой сын Цæгат Ирыстоны æфсæддон намысы бынæттæ, бабæрæг кодтой национ музей, бæхты драмон театр «Нартæ». Уымæй уæлдай сын бацæттæ кодтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, семинартæ æмæ рухстауæн мадзæлттæ. Олимпиадæ арæзт цæуы Уæрæсейы рухстауынады министрады хъæппæрисæй.




