Сæ къухы бафтыд электрон микроскоп фæнырыккондæр кæнын
Фылдæр фенын æмæ базонын. Ахæм фадат ратдзысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты физикон-техникон факультеты ахуыргæндты ног æрхъуыдыдзинæдтæ. Наукон кусджытæ бакуыстой электрон микроскопыл. Æрхъуыдыдзинады фæрцы бæлвырддæр информаци райсæн уыдзæн цыфæнды объекты тыххæй дæр. Раздæр хуымæтæг микроскопæн ахæм гæнæнтæ нæ уыди. Ног фæрæзы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.
ЦИПУ-йы физикон-техникон факультеты ахуыргæндты уникалон æрхъуыдыдзинад райста патент. Сæ къухы бафтыд электрон микроскоп фæнырыккондæр кæнын. Æрхъуыды йын кодтой иу гыццыл фæрæз, æмæ уый фæрцы микроскопæн йæ ахадындзинад аивта. Ныр йæ фæрцы, иртасæн объекты тыххæй базонæн ис фылдæр информаци. Детекторы руаджы фенæн ис объекты уæлцъар 1 микроны онг. Цы æрмæг иртасынц, уый мидæгæй рухс кæнын райдайы рентгены рухсгæнæнæй.
Æддæмæ дзы цы рентгены тунæуагъд рацæуы, уый та вæййы флюорографийы хуызы.
Ацы æрхъуыдыдзинадыл 4 адæймаджы куыстой дыууæ азы. Ахуыргæндты куыст фадат ратдзæн иртæстытæ зынгæ бæстондæрæй кæнынæн, объектты тыххæй зондзысты фылдæр.
Детекторыл бакуыстой Советон рæстæджы растровон микроскопы бындурыл. Ахуыргæндтæ йæ сифтонг кодтой сæрмагонд программæйæ дæр. ЦИПУ-йы физикæйы кафердæйы разамонæг Магкоты Тамерлан куыд фæнысан кодта, афтæмæй ног детекторы фæрцы университеты студенттæн фадат уыдзæни фылдæр зонындзинæдтæ райсынæн.
Ахуыргæндты ныхæстæм гæсгæ, сæ нысанты ис детекторы модернизацийыл кусын.