ЦИПУ-йы спортивон комплекс æмæ бассейн Фæскомцæдисон парчы арæзт кæй цæудзæн, уый бирæтæм хорз хъуыды фæкаст. Фæлæ ис ахæмтæ дæр, æмæ уыцы хъуыдыимæ разы чи нæу.

Фæскомцæдисонты парчы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет бассейнимæ спортивон комплекс кæй аразы, уыцы хъуыддагмæ республикæйы фылдæр цæрджытæ хорз цæстæй кæсынц. Фæлæ кæй нæ фæнды, ахæмтæ дæр ис. Уыдон сты арæзтадмæ хæстæг цы хæдзæрттæ ис, уыдоны цæрджытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй комплекс арæзт цæуы уæлмæрдты бынаты. Сæ хъаст ма ныффыстой Уæрæсейы президентмæ æмæ прокуратурæмæ дæр. Сæ курдиаты фыст ис, цæмæй арæзтад нымад æрцæуа æнæзакъоныл. Фæлæ студенттæ та уыцы хъуыдыйымæ разы не сты. Фæсивæд æнхъæлмæ кæсынц, бассейн кæд стцæттæ уыдзæн, уымæ.
Горæты цæрджытæй дæр бирæтæ спортивон комплексы бынат растыл нымайынц. Уыцы хъуыдыйыл хæст сты, ацы районы ацæргæ адæм дæр. Зæронд бæлæстæ кæй акалдтой, ууыл дæр цин кæнынц. Куыд зæгынц, афтæмæй адæймаджы æнæиздзинадæн уыдысты зианхæссæг. Фæлæ арæзтады ныхмæ чи у, уыдонæй йæ хъуыдытæ камерæмæ зæгъын ничи бакуымдта. Интервью радтой, æрмæст бассейны арæзтады фарс чи у, уыцы адæм.
Университеты разамынд Стъараполы крайæ схуыдта специалисттæ. Сбæрæг кодтой парчы фæзуат. Æмæ радтой разыйы дзуапп. Ома, комплексмæ арæзтадмæ хæстæг ныгæд ныгæд ничи ис. Парчы фæзуаты æндæр рæтты ссардтой раджыйы ныгæдтытæ, æмæ сæ сбæрæг кодтой графикæйы хуызы. Куыстытæм йæ цæст дары агурæн къорд «Харон»-ы разамонæг Тæтæраты Алан. Куыд загъта, афтæмæй дзы иу ингæн дæр бæрæггонд не рцыд. Афтæмæй арæзтадæн хъуамæ мацы къуылымпытæ уа. «Уый нæ, фæлæ æнæмæнг у æрыгон фæлтæрæн», зæгъы физикон хъомылады факультеты декан Хамыхъоты Феликс.
Спортивон комплексæн бардæттæг гæххæттытæ сты цæттæ. Нысанмæ гæсгæ арæзтад фæуыдзæн 2014-æм азы ноябры.
