01 мая 2024, 18:08
ЦИПУйы райдыдта Æппæтуæрæсеон конференци «Педагогы инновацион архайд: традицитæ æмæ нырыккон куыст»
Байгом пленарон æмбырдæй, æмæ дзы архайдта ахуырады æмæ наукæйы къабазмæ цæстдарды федералон службæйы разамонæг Анзор Музаев
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты райдыдта 3-æм Æппæтуæрæсеон наукон-практикон конференци «Педагогы инновацион архайд: традицитæ æмæ нырыккон куыст». Байгом пленарон æмбырдæй, æмæ дзы архайдта ахуырады æмæ наукæйы къабазмæ цæстдарды федералон службæйы разамонæг Анзор Музаев, республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ, стæй Цæгат Ирыстоны педагогтæ. Æдæппæтæй 900 архайæгæй фылдæр. Конференцийы ныхас цыд бинонты хæзнатыл, фæсивæды патриотон хъомыладыл, педагогон ахуырадыл æмæ кадрты цæттæдзинадыл. Алцыдæр хъуамæ арæзт цæуа национ фарстатæ лыг кæнынæн.
темæмæ гæсгæ




