филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:47 суббота, 16 августа 2025
19 июня 2014, 17:02
Цоколайы фырты уынджы 2-æм хæдзары 1-аг корпусы цæрджыты рагæй тыхсын кæны сæ хæдзары сæры уавæр

Алы къæвдайы рæстæг дæр дон бакæлы фатертæм. Уый тыххæй адæмæн сæ хæдзæртты къултæ схъуына вæййынц. Уæдæ уымæл уæлдæфæй улæфын дæр æнцон нæу, дзурынц адæм.

73086
Цоколайы фырты уынджы 2-æм хæдзары 1-аг корпусы цæрджыты рагæй тыхсын кæны сæ хæдзары сæры уавæр. Алы къæвдайы рæстæг дæр дон бакæлы фатертæм. Уый тыххæй адæмæн сæ хæдзæртты къултæ схъуына вæййынц. Уæдæ уымæл уæлдæфæй улæфын дæр æнцон нæу, дзурынц адæм. Разамонæг компанийы куыд зæгъынц, афтæмæй хæдзары цæрджытæ ацы фарста хъуамæ алыг кæной сæхи фæрæзты руаджы. 
Уарынæй хи бахъахъхъæнын Цоколайы фырты уынджы хæдзары цæрджытæн сæ фатерты сæ бон нæу. Ацы фатер, 5-æм уæладзыджы Алла Кахеладзе балхæдта 11 азы размæ. Уæдæй нырмæ йын алы къæвда дæр у æрдзон фыдбылызы хуызæн. Къултæ æмæ фатеры сæр æппынæдзух кæнынц хъуына. Хæдзары ис уымæл уæлдæф æмæ сыглоймагмæ аллерги кæй ис, уымæ гæсгæ йын у зын улæфæн. Сæ фатерты цæмæй сыгъдæг уа, уый тыххæй сæ сцалцæг кæнынц, фæлæ та дзы дыууæ-æртæ мæйы фæстæ цæрæн нал вæййы. Къаболаты Зарæйы хо дæр ацы хæдзары цæры, фæлæ йæ сылгоймаг сæхимæ аласта, уымæн æмæ ахæм æвзæр уавæрты цæрын йæ бон нал уыд.
Къаболаты Зарæ: «Ацы фатеры уавæр тынг æвзæр у, цал азы цæры мæ хо, уал азы тæдзы йæ цар. Æндæр гæнæн нал уыдис æмæ мæ хойы мемæ æрцæрын кодтон, уый тыххæй æмæ ацы уавæрты цæрæн нæй. Низтæ дæр æм ис, йæ рæуджытæ хъыгдард сты æмæ ацы уæлдæфæй йæ бон улæфын нæу. Афæдзы æрдæгмæ æртæ хатты загътой, скодтам дам цалцæг, æмæ дзы ницы бæрæг ис, куыд тагъди цар, афтæ тæдзы, мæнæ йæ уæхæдæг дæр уынут, куыд сау-сауид у, уый».
Ныр иу азы бæрц ацы хæдзарæн лæггад кæны разамынддæттæг компани «Жилкомсервис». Ам куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй закъонмæ гæсгæ бындурон цалцæгæн фæрæзтæ дихгонд хъуамæ цæуой бирæуæладзыгон хæдзæртты цалцæджы фондæй, уыимæ хъуамæ адæм æхца æрæмбырд кæной сæхæдæг дæр. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ ацы хæдзары сæр баивынæн хъæуы 2 милуан сомы бæрц. Фæлæ уал æй федералон программæмæ бахæссын нæ рауайдзæн. 
Ардасенты Хадзымурат, æнæххæстбарджын æхсæнад «Жилкомсервис»-ы директор: «Ныртæккæ закъон афтæ у, цæмæй бындурон цалцæг скæнай, уый тыххæй хъæуы цæрджыты сæхи æхца радтын. Гыццыл паддзахад дæр æххуыс кæндзæнис уыцы хабары, фæлæ фыццаджыдæр адæмы уæхсчытыл сты уыцы хабæрттæ, æхца æмбырд кæнын хъæуы бындурон цалцæгæн».
Ацы фарста ахсджиаг у Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæрттæй бирæтæн. Горæты алы дыккаг хæдзарæн дæр йæ сæр хъæуы бындуронæй цалцæг кæнын. Администрацийы куыд загътой, афтæмæй ацы фарста лыг кæндзысты къæпхæнгай.
Ацы аз муниципалон программæ æххæстгæнгæйæ Дзæуджыхъæуы бындуронæй цалцæггонд æрцыдысты 9 бирæфатерон хæдзары сæртæ. Ацы азы кæронмæ ма сæ хыгъдмæ бацæудзысты ноджыдæр 3 хæдзары. Администрацийы бюджетæй уыцы хъуыддагæн дихгонд æрцыд 46 милуан сомы бæрц. Фæлæ уыцы программæмæ дæр, Цоколайы фырты уынджы цы бирæфатерон хæдзар ис, уый ацы аз нæ бахаудзæн.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania