филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:57 понедельник, 07 июля 2025
25 июня 2025, 10:38
Цыхуырбаты Зауырбег æмæ Годжысаты Сослан сæхи цæттæ кæнынц Æппæтуæрæсеон Кубок рамбулынмæ армрестлингæй

Не спортсментæй иу ныридæгæн у бирæ хæттыты чемпион, иннæ та нырма спорты ацы хуызы кæны фыццаг къахдзæфтæ, фæлæ вдисы фидар удыхъæд

Хъæбатыр, ныфсхаст æмæ уæлахизмæ тырнæг. Ахæм миниуджытыл хæст сты сæрмагонд æфсæддон операцийы æфсæддонтæ. Ныртæккæ та сæ арæхстдзинад æвдисынц спорты. Сæрмагонд æфсæддон операцийы цæгатирыстойнаг архайджытæ Цыхуырбаты Зауырбег æмæ Годжысаты Сослан сæхи цæттæ кæнынц Æппæтуæрæсеон Кубок рамбулынмæ армрестлингæй. Не спортсментæй иу ныридæгæн у бирæ хæттыты чемпион, иннæ та нырма спорты ацы хуызы кæны фыццаг къахдзæфтæ, фæлæ вдисы фидар удыхъæд. Хъайтмазты Дзерассæ радзурдзæн цæттæгæнæн мадзæлтты тыххæй.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг, Лæгдзинады ордены кавалер, профессионалон спортсмен Цхуырбаты Зауырбег нысанмæ фæндагыл цæлхдуртæ нæ уыны. Уæззау цæфы æмæ дæргъвæтин реабилитацийы фæстæ йæ ныфс нæ асаст. Иу хаттæй иннæмæ æвдисы, зындзинæдтæ æрмæст размæ цæуынæн гæнæнтæ кæй сты, уый. Абон Зауырбег у Цæгат Ирыстоны сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты командæйы лидертæй иу. Йæ хыгъды ис бирæ уæлахизтæ армрестлингæй турнирты. Куыд зæгъы, афтæмæй ахадгæйæ цæттæ кæны «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» Кубок рамбулыны турниры архайынмæ.

Цхуырбаты Зауырбегимæ сæрмагонд операцийы зонæйы, ныр та спортивон аренæйы республикæйы кад хъахъхъæны йæ хæстон хæлар батальон «Сæрмæт»-æй Годжысаты Сослан. Æфсæддон армрестлингæй архайын нырма æрæджы райдыдта. Кубок рамбулыны турнир ын суыдзæн фыццаг æппæтуæрæсеон ерыс спорты ацы хуызæй. Раздæры футболисты ныхæстæм гæсгæ, сæрмагонд операцийы архайды æмæ цæфы фæстæ йын сæрмагондæй ацы тернировкæтæ баххуыс кодтой.

Спортменты ерыстæм чи цæттæ кæны, уыдонæй иу у Уæрæсейы сгуыхт тренер, бæстæйы, Европæйы æмæ дунейы бирæ хæттыты чемпион Золойты Мæирбег. Уый хорз зоны, уæлахиздзау суæвынæн куыд кусын хъæуы, уый.

Нæ бæстæйы спортивон историйы, йæ астæуыстæг хъыгдард кæмæн у, сæрмагонд æфсæддон операцийы уыцы архайджыты *хсæн, фыццаг æппæтуæрæсеон турнир армрестлингæй, уыдзæн Гатчинæйы 4-æй 7-æм июльмæ. Ерысты архайдзæн 100 спортсмены онг Уæрæсейы 30 регионæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania