Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, ахæм æфсæддоны хъысмæт. Цъыккаты Бимболат 42-æм азы ацыд фронтмæ, бахауд уацары æмæ дзы уæдæй нырмæ йæ хиуæттæ ницыуал фехъуыстой. Агурæн къорд «Мемориал-Авиа» – йы уæнгтæ советон æфсæддоны хæстон фæндаг сбæрæг кодтой æмæ йын фæхабар кодтой йæ хæстæджытæм.
16-аздзыд лæппуйæ Цъыккаты Бимболат ацыд йæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. Уæдæй фæстæмæ йæ йæ ныййарджытæ æмæ хотæ нал федтой. Æрыгон лæппу цалдæр хатты фронтæй фыстæг дæр сæрвыста, фæлæ 43-æм азы йæ хæстæджытимæ бастдзинад фесæфт.
Базраты Шамил, Цъыккаты Бимболаты хæрæфырт: «Агургæ та куыд нæ? Кæй нæ фæнды йæ хъæбулы фенын. Йæ мад æмæ йæ фыд дæр æнхъæлмæ гæсгæйæ амардысты».
Хадыхъаты Зарæ, Цъыккаты Бимболаты хæрæфырт: «Гæххæт сæм ссыди, æбæрæгæй дам фесæфт. Фæлæ иу алы дуары хостмæ дæр æмæ гуыппмæ дæр къæрцхъус уыдысты, кæд исчи æрбадзурит зæгъгæ».
Бирæ азты Цъыккаты бинотæн сæ ныфс нæ мынæг кодта, уæд та Бимболатæй исты хабар райхъуысид, зæгъгæ. Агуырдтой йæ Германийы, æрвыстой курдиаттæ. Хæстæджытæн чидæр загъта, Турчы кæй федтой Бимболаты, уый. Æмæ ма йæ суанг уым дæр агуырдтой. Фæлæ уырдыгæй дæр разыйы дзуапп нæ райстой. Агурæн къорд «Мемориал-Авиа»-йы æххуысæй бинонтæ базыдтой Бимболаты хæстон хъысмæт.
Цъыккаты Бимболаты хæстæджытæм баззад æрмæстдæр мæнæ ацы къам. Ай та сын æрбарвыстой Германийæ. Фыст дзы ис кæд амард æмæ кæм ныгæд ис советон солдат, уый дæр.
Бимболат ныгæд у немыцаг горæт Альт-Древитцы. Агурæн къорд «Мемориал-Авиа»-йы волонтер Роман Кумков куыд сбæрæг кодта, афтæмæй советон салдат хæцыд Сталинграды тохы, æмæ уым фæцæф ис. Афтæмæй бахауд амынæты дæр. Уым фæцис дыууæ азы æмæ 44-æм азы низæй амард рынчындоны. Фæлæ Роман Кумков куыд зæгъы, афтæмæй уыцы хабæрттæ бæлвырд ничиуал базондзæн. Ныртæккæ æппæт историон æрмæг дæр ис Суаргом хъахъхъæнджыты музейы.
Джериаты Фатимæ, Суаргом хъахъхъæнджыты музейы разамонæг: «Цы гæххæттытæ райстам, уыдон стыр ахъаз сты музейы æрмæгæн, уымæн æмæ ныртæккæ маъх æрмæг æмбырд кæнæм, цæмæй музейы байгом кæнæм экспозиции, хъæуæй чи ацыд æмæ чи нал сыздæхт, уыдоны номыл. Æмæ, æнæмæнг, йæ къам дæр, цы æрмæджытæ райстам, уыдон дæр ссардзысты уым бынат».
Агурæн къорд «Мемориал-Авиа» кæны стыр куыст. Сæ размæ сæвæрдтой хæс – уацары цы советон æфсæддонтæ уыд Цæгат Ирыстонæй, уыдоны хъысмæт сбæрæг кæнын. Цы номхыгъдтæ сæм ис, уыдонмæ гæсгæ сты 400 адæймаджы, æмæ дзы ныридæгæн сбæрæг кодтой 5. Уыдонæй иу у Цъыккаты Бимболат дæр.




