филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:42 суббота, 31 января 2026
16 июля 2019, 13:07
Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл ног хъуысынгæнинæгтæ

Тæрхонгæнджыты раз ацы хатт, куыд æвдисæн, афтæ æрлæууыд Битъиты Аллæ – Кадалаты Викторы раздæры цардæмбал

Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл ног хъуысынгæнинæгтæ. Тæрхонгæнджыты раз ацы хатт, куыд æвдисæн, афтæ æрлæууыд Битъиты Аллæ – Кадалаты Викторы раздæры цардæмбал. 31-æм октябры сæм фæдзырдтой Ирыстоны мидхъуыддæгты хайадмæ, цæмæй сæ цуры басгарой Цъыккаты Владимиры, ома наркотиктæ йæм ис æви нæ, уый тыххæй. Ныртæккæ Битъиты Аллæ йæхæдæ дæр ис ахæстоны, фæлæ йæм фæдзырдтой радон байхъуыстытæм. Куыд радзырдта, афтæмæй федта, Владимир бадт бандоныл. Йæ хуызмæ гæсгæ бæрæг уыд, йæхи тынг æвзæр кæй æнкъары. Загъта ма кабинеты кæй уыд сау пакеттæ, Уимæ Владимиры цæсгом æмæ хъуыр уыдысты сырх, йæ уæлæдарæс та хуылыдз. Уый фæстæ оперативон кусджытæ Тимур Сытник æмæ Медойты Инал сын загътой, цæмæй йæ цардæмбалимæ цавæрдæр рæстæг фæуой сæ зонгæты фатеры æмæ сразы сты. Уымæн æмæ сæ дыууæ дæр уыдысты наркотиктæм æмхиц. Разыдзинад сæ райсæгæйæ сæ дыууæйы дæр сæхгæдтой 10 боны. Бон цухæй сын ластой героин æмæ хæринаг, уимæ сын байстой сæ телефонтæ. Слестгæнæн комитеты та дзырдтой куыд сын амыдтой, афтæ. Уый фæстæ Цыккаты Владимир амард уый, куы базыдта, уæд нал сразы мæнг информаци дæттын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæр Цъыккаты Земфирæ кæй фæдзырдта адæмы хъахъхъæнынц пъæлицæйæгты хъизæмæрттæй чи хъахъхъæны, уыцы барадон оргæнты кусджытæм. Ныр Сихъоты Анжеликæйимæ, уыцы иу рæстæг кусы адвокат Виталий Зубенко дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania