филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:04 вторник, 21 мая 2024
14 августа 2014, 12:25
Цыколайæ Мацутæмæ фæндагыл цæуы рацарæзт

Куыстытæ райдыдтой июлы. Респуликæйы фæндæгты хæдзарады комитеты кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæндаг хъуамæ арæзт фæуа ацы азы кæрон. Архайынц ыл компани

73720
Куыстытæ райдыдтой июлы. Респуликæйы фæндæгты хæдзарады комитеты кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæндаг хъуамæ арæзт фæуа ацы азы кæрон. Архайынц ыл компани «Дорстройсервис»-ы специалисттæ. Пайда кæнынц, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм æрмæгæй. Зæрдæ æвæрынц, фæндагæй адæм 10 азы кæй пайда кæндзысты, уымæй.

Азы кæронмæ Цыколайæ Мацутæмæ фæндаг хъуамæ арæзт æрцæуа, зæгъынц кусджытæ. У проект «Цыкола-Мацутæ-Комарт»-æн йæ фыццаг хай. Рацарæзт райдыдта июлы. Фæндаг у 30 киллометры. Хъуамæ дзы сæвæрой асфальт. Куыстытæ кæнынц цалдæр хайæ. Фыццаг уал аразынц хидтæ æмæ фæндаджы кæрæттæ. Уый фæстæ та бындур скæнынц фæндагæн, стæй йыл уæд сæвæрынц цалдæр цъары, уæллаг – асфальт.

Аркъауты Тарас, фæндаг «Цыкола-Мацутæ-Комарт»-ы арæзтады хицау: «Ам кусы 200 адæмаджы бæрц. Уæдæ дзы ис нырыккон техникæ дæр – 50 алыхуызон машинæйы. Стыр æргом здæхт цæуы дуртæ фæндагмæ кæм æрызгъæлынц, уыцы тæссаг бынæттæм».

Ахæм тæссаг бынæттæ фæндагыл ис 6. Дыууæйы дзы арæзт æрцæудзæн мæнæ ахæм систæ. Уый хъахъхъæндзæн фæндаг дурæзгъæлдæй. Уыимæ ма тæссаг бынæттæ æвæрд æрцæудзæн сæрмагонд хыз, цæмæй адæм æдæрсгæйæ цæуой фæндагыл.

Ацы хъуыддаджы аразджытæн стыр æххуыс кæнынц альпинисттæ. Уымæн æмæ фæндаджы былгæрæтты цы къæдзæхтæ ис, уыдоны бæрзæнд хæццæ кæны 55 метрмæ. Альпинситтæ сæ сæрмагонд кусæнгæрзты руаджы быру фидар кæнынц кæдзæхты цъуппытыл. Афтæмæй дурæзгъæлæн бынæттæ фæндагыл цы машинæтæ цæуы, уыдонæн тæссаг не сты. Кæронмæ æрхæццæ, 7 азы размæ кæнын кæй райдыдтой, уыцы хиды арæзтад дæр. Цæуы Урухы доны сæрты Мацутæмæ бацæуæны. Йæ уæрх у 10 метры, йæ фæрсты ис къахвæндæгтæ дæр.

Берозты Константин, прораб: «Райдыдтам 7 азы размæ, йæ опорæтæ йын куы сарæзтам, уæд æхцайы тыххæй фæлæууын кодтой к уыст. Æмæ æрæджы, мæйы размæ йæ райдыдтам. Йæ изоляци, дон чи нæ уадзы, ахæм у. ныхасæм æй, уæлейы чи цæ хъахъхъæна, ахæм сарматурны сеткæ æвæрæм. Уый фæстæ битон скæндзыстæм, йæ сæрыл та асфальт уыдзæн».

Арæзтадыл архайы компани «Дорстройсервис». Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæндагæй пайда кæныны рæстæг у 10 азы. Уæдæ йæ фыццаг 5 азы дæргъы цалцæг кæнын куы хъæуа, уæд æппæт куыстытæ дæр закъонмæ гæсгæ кæндзысты «Дорстройсервис»-ы специалисттæ компанийы фæрæзтæй. Фæндаг арæзт цæуы федералон программæ «Юг России» æххæстгæнгæйæ.

Схардз ыл кæндзысты 320 милуан сомы. Фæрæзты фылдæр хай – федералон бюджетæй.

Хъазыбегты Георгий, РЦИ-Аланийы фæндæгты хæдзарады комитеты сæргълæууæг: «Ацы фæндаг хъуамæ арæзтæ æрцыдаид фарон, фæлæ проектмæ гæсгæ йæ Ростовмæ арвыстой, æмæ рæстæгмæ гæсгæ афтæ рауадис, æмæ йæ фарон нæ бантыст скæнын. Ацы аз æхца фæстæмæ радтой федералдон центрæй. Æмæ ныртæккæ ам куыст цæуы бонæй æмæ æхсæвæй дæр. Пректмæ гæсгæ дæр цыдæр ивддзинæдтæ æрцыдис, йæ бындур ын фæхъæттыхдæр кодтам, йæ асфальт цæмæй фылдæр фæлæууа, ахæм программæтæ алкæд нæ вæййы, æмæ Ирыстонмæ ныртæккæ ис хорз цæстæнгас, йæ асфальты рецептурæ дæр ын иугыццыл фæивтам, æмæ зынаргъдæр рауадис, фæлæ рæстæгмæ гæсгæ фылдæр фæлæудзæн».

Ахæм ног технологийæ фæндæгты арæзтады республикæйы спайда кодтой фыццаг хатт. Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарады комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй куыстыты хæрхъæддзинад сбæрæг кæнынæн республикæмæ æрхондзысты Уæрæсейы автомобилон фæндæгты куыстуаты специалистты.

Гугкаты Иринæйы

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania