11 июля 2016, 18:05
Цыколайы арæзт æрцыд æрвылазон фестиваль «Иудзинад»
Традицимæ гæсгæ дзы ацы аз дæр æрæмбырд бирæ адæм. Уазджытæ æрбацыдысты Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæнæй, Дагестанæй, цæмæй нæ республикæйы цæрджытимæ цин кæной адæмты иудзинады бæрæгбоныл.
Цыколайы арæзт æрцыд æрвылазон фестиваль «Иудзинад». Традицимæ гæсгæ дзы ацы аз дæр æрæмбырд бирæ адæм. Уазджытæ æрбацыдысты Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæнæй, Дагестанæй, цæмæй нæ республикæйы цæрджытимæ цин кæной адæмты иудзинады бæрæгбоныл. Баст у, пысылмæтты комдарæн мæй Рамадан кæй ахицæн, уыимæ. Уазджытæ канд пысылмæттæ нæ уыдысты, фæлæ алы конфесситы минæвæрттæ. Æрвылаз иудзинады бæрæгбон арæзт æрцæуы Цæгат Ирыстоны пысылмæтты дины управленийы хъæппæрисæй. Æмæ куыд зæгъынц, афтæмæй бæрæгбоны нысан у алы диныл æмæ алы адæмыхæттыты минæвæртты иу кæнын. Фестивалы архайдтой республикæйы кафджыты къордтæ, театр «Нартæ»-йы артисттæ. Концерты фæстæ та сарæзтой спортивон ерыстæ æмæ бæрæгбоны фынг.
Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг: «Адæм цин кæнынц, цытджын мæй «Ураза» фæцис. Цыколайы æрæмбырд сты нæ республикæйы адæм æмæ цин кæнынц. Ком чи бадардта, уыдонæн хæлар уæд. Ирыстоны адæм цæрынц сабыр дунейы, сæ хъуыддæгтæ рæсугъд кæнæд стырæй дæр, чысылæй дæр æнæмастæй куыд цæрой, ахæм амонд се ппæтæн дæр хуыцау радтæд».

темæмæ гæсгæ