филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:17 суббота, 28 сентября 2024
26 сентября 2024, 16:00
Цыколайы ацыд Цæрикъаты Тарасы хæрзиуджытæ рамбулыныл 6-æм республикон турнир

Архайдтой дзы 7 командæйы

Цыколайы ацыд футболон клуб «Алани»-йы раздæры капитан, Цæрикъаты Тарасы хæрзиуджытæ рамбулыныл 6-æм республикон турнир. Архайдтой дзы 7 командæйы. Уыдонæй 6 уыдысты Цæгат Ирыстонæй, иу та – Нарткалайæ. Хъæзтытæ цыдысты Цыколайы стадионы. Футболон клуб «Алани»-йы раздæры хъазæг, Казахстаны «Актобе»-йы æрдæгхъахъхъæнæг,  спорты разтыл кусæг Царикъаты Тарас йæхæдæг  футболмæ сабийæ фемхиц.  Уымæ гæсгæ йæ фæфæнды мадзалмæ фылдæр кæстæр кары футболистты æрбахонын. Турниры архайдтой  футболон клуб «Алани»-йы командæйы футболисттæ дæр. Фыццаг бынат бацахста Цыколайы командæ, дыккаг  – командæ «Барс», 3-гтæ систы «Юниоры» футболисттæ. Хуыздæр хъазæгыл нымад æрцыд «Ирæфы» футболист Цæрикъаты Марат, хуыздæр бомбардирыл та – Арман Зигоев. Уый дæр у «Ирæфы» командæйæ. Бакъуырдта 5 голы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania