филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:38 вторник, 23 апреля 2024
18 мая 2022, 10:25
Цыколайы фæзындзæн дыууæ ног фæлладуадзæн зонæйы

Æрæфы районы центры саив кæндзысты территоритæ хъæуы алы рæтты

Цыколайы фæзындзæн дыууæ ног фæлладуадзæн зонæйы. Æрæфы районы центры саив кæндзысты территоритæ хъæуы алы рæтты. Ног фæзтæ фæзындзысты, ныртæккæ афтид бынæттæ кæм ис, уым. Сног кæндзысты Сырх Дыгуры культурæйы æмæ фæллад уадзыны парк дæр. Ныртæккæ цæуы куыстыты дыккаг къæпхæн. Фыццаг къæпхæн та сæххæст кодтой фарон. Æппæт объекттæ эксплуатацийы ратдзысты ацы аз фæззæджы. Æхсæнадон территоритæ аивгонд цæуынц, проект «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæнгæйæ. Фарон 6 фæзæй районы цæрджытæ, хъæлæс кæныны процедурæйы фæрцы, равзæрстой 3, æмæ сыл ныр цæуы бæстон куыст.

Уæвгæ, Æрæфы районы активонæй пайда кæнынц  «Горæты æнцонвадат архайд»-ы проекты гæнæнтæй. Фарон Цыколайы кæронмæ æрхæццæ Уæлахизы Парчы арæзтад. Уыцы фæз дæр районы цæрджытæ равзæрстой сæхæдæг. Ам фæзындысты тезгъогæнæн бынæттæ, бандæттæ, нырыккон рухсгæнæнтæ, сывæллæтты æмæ спортивон фæзтæ. Уаццаг саив кæнын бантыст дыууæ азмæ. Æмæ уыцы мгъуыдмæ сси хъæуы цæрджыты уарзондæр фæлладуадзæн бынат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania