Ацы хатт дзы уыд Советон Цæдисы хъæбатæр Махъоты Алиханы номыл турнир дзюдойæ
Цыколайы физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс куы фæзынд, уæдæй дзы бирæ мадзæлттæ арæзт æрцыд спорты алы хуызтæй. Ацы хатт дзы уыд Советон Цæдисы хъæбатæр Махъоты Алиханы номыл турнир дзюдойæ. Уыд дзы не сфæлдыстадон къорд дæр. Бæстондæр хабæрттæ турниры тыххæй Сосранты Жаннæйы сюжеты.
Советон Цæдисы хъæбатæр Махъоты Алиханы номыл турнир байгом кодтой Уæрæсейы æмæ Ирыстоны гимнты зæлтæй. Кадджын мазалы архайдтой Цæгат Ирыстоны парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, районы разамынд, «Стыр Ныхас»-ы æмæ Махъоты мыггаджы минæвæрæттæ. Тускъаты Таймураз йæ раныхасы радзырдта Махъоты Алиханы сгуыхтдзинæдты тыххæй, стæй арфæ ракодта мадзал саразджытæн æмæ архайджытæн. Уæвгæ, Тускъаты Таймураз йæхæдæг дæр хъомыл кодта Цыколайы æмæ йæ удмæ хæстæг сты, турнир кæй номыл у, уый царды хабæрттæ.
Йæ хæстон фæндаг сси лæгдзинады æмæ ныфсхастдзинады дæнцæг. Архайдта Цæгат Кавказ æмæ Донбасс хъахъхъæныны, Днепр суæгъд кæныны тохы, знагæн ныхкъуырд лæвæрдта йæ райгуырæн Цыколайы. Уый тыххæй ын саккаг кодтой йæ фыццаг хæрзиуæг – майдан «Хæстон æнтыстдзинæдты тыххæй». Хæсты фæстæ разамынд лæвæрдта республикæйы промышленнон куыстуæттæн.
Рæзгæ фæлтæрæн ацы ерыстæ ахсджиаг уыдысты. Турниры архайдта 200 æвзонг спортсменæй фылдæр Цæгат Ирыстоны алы районтæй. Алкæйы дæр дзы фæндыд рамбулын, йæ арæхстдзинад равдисын.
Советон Цæдисы хъæбатæр Махъоты Алиханы номыл турнир арæзт æрцыд фыццаг хатт, фæлæ йæ фæнд кæнынц æрвылазон скæнын.
Ерысты архайджытæн, уæлахиздзаутæн бацæттæ кодтой кубоктæ, кады гæххæттытæ, сæрмагонд лæвæрттæ.




