08 декабря 2022, 11:59
Цыколайы саив кодтой Дедегкайы-фырты уынджы уæллаг хай
Куыстытæ сарæзтой хæрзвадат горæты тыгъдады программæйы фæрцы
Цыколайы саив кодтой Дедегкайы-фырты уынджы уæллаг хай. Куыстытæ сарæзтой хæрзвадат горæты тыгъдады программæйы фæрцы. Раздæр æхсæнадон бынат уыдис æвзæр уавæры, æмбырд дзы кодтой хæдзарон фос, стæй байдзаг хъамыл æмæ хус кæрдæджытæй. Ныртæккæ та уыцы ран ис аив фæлладуадзæн бынат, кæцыйы сæ рæстæг æрвитынц бынæттон цæрджытæ. Скодтой дзы фистæгæйцæуæн фæндæгтæ, бадæн бынæттæ, хъазæн фæз æмæ спортивон фæз. Уымæй уæлдай территори саив кодтой рухсгæнæнтæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — уыцы бынат саив кæныныл схъæлæс кодтой бынæттон цæрджытæ, парти иугонд уæрæсейы проекты фæлгæты.
темæмæ гæсгæ




