филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:24 вторник, 16 декабря 2025
12 февраля 2013, 11:30
Цыппар азы Фат-Агро архайы картофы ног хуызтæ æрзайын кæныныл

Республикæйы хицауады фæрцы сæхи сбастой уæрæсейаг æмæ хурныгуылæн-европайаг бæстæты специалисттимæ. Сарæзтой, ныртæккæ бæстæйы æмбал кæмæн нæй, ахæм лаборатори дæр.

Республикæйы хицауады фæрцы сæхи сбастой уæрæсейаг æмæ хурныгуылæн-европайаг бæстæты специалисттимæ. Сарæзтой, ныртæккæ бæстæйы æмбал кæмæн нæй, ахæм лаборатори дæр. Мыггæгтæ сбирæ кæныныл кусынц Ирыстоны хохаг районты. Уым уæлдай хуыздæр уавæртæ ис хæрзхъæд тыллæг æрзайын кæнынæн.

Фидæны картоф нырма уал фенæн ис æрмæстдæр ацы пробиркæты. Иу клеткæйæ дзы срæзы зайæгой. Стæй йæ адих æмæ сбирæ кæнынц. Афтæмæй йæ ныссадзыны онг картофы мыггаг цæуы хъахъхъæд. Лабориторийы ма картофы куыст кæнынц æндæр технологимæ гæсгæ. Хурныгуылæн Европæйы контейнерон методæй пайда кæнынц ныр къорд азы. Йæ хицæндзинад уый у, æмæ лабораториты цы мыггаг æрзайын кæнынц, уый садзæн ис кæцыфæнды афон дæр. Хъахъхъæд цæуы алыхуызон микробтæй æмæ вирустæй. Уымæ гæсгæ фидæны бæркад къаддæр хъыгдард баййафы æрдзы хивæнд митæй. Нырыккон кусæнгæрзтæ æмæ техникæ фадат дæттынц мыггаг сбирæ кæныны куыст тагъддæр кæнынæн. Дæнцæгæн зæгъдзыстæм, лабораторийы афæдзмæ æрзайын кæнæн ис 500 000 картофы мыггаджы. Цыбыр рæстæгмæ фæфылдæр вæййынц 3 милуаны онг. Ныртæккæ лабориторийы кусынц картофы 2 хуызыл.

 Етдзаты Кристинæ, лаборант: «Ныртæккæ мах кусæм картофы дыууæ хуызыл Жуковский æмæ Удача. Се рзайын кæнынæн нæм ис лицензи. Ацы дыууæ хуызы уымæн равзæрстам, æмæ иннæтæй сты хуыздæр. Хицæн кæнынц сæ адмæ гæсгæ, тагъд сцæттæ вæййынц, стæй микробтæ æмæ алыхуызон низтæм сты фæразон».

Картофы мыггагыл наукон бындурыл Цæгат Ирыстоны кусын райдыдтой 4 азы размæ. Стыр æххуыс сын бакодта республикæйы хицауад дæр.

Сæбæтхъуаты Æхсарбег, компани «Бавария»-йы генералон директоры хæдивæг, «Фат-Агро»-йы хицау: «Хохы цас бæрзонддæр байтауай, уый йас хуыздæр æрзайы. Стыр æххуыс нын бакодта РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз дæр. Йæ æрвылазон ныстуаны куыд загъта, афтæмæй, раздæры азты Ирыстон хъуыстгонд уыд йæ картофæй. Æмæ цы куыст цыд картофы мыггаг иртасыны хъуыддаджы уый та хъæуы сног кæнын. Раздæр хъæууон хæдзарадон институтæн хæхты уыд зæххытæ, кодтой иртасæн куыст. Фæлвæрдтой æмæ иу æрзайын кодтой картофы ног хуызтæ. Ныр мах дæр дарддæр хæццæ кæнæм уыцы куыст».

Картофы куыстгæнджытæ бадзырдтæ бафыстой Европæйаг специалисттимæ. Арæзт æрцыд сæрмагонд лаборатори дæр. Ныр лабораторийы разамынды ныхæстæм гæсгæ дыууæ азы фæстæ сæ бон у картофы мыггагæй бафсадын æрмæст Ирыстоны хæдзарæдтæ нæ, фæлæ æгас Кавказ дæр.

Сæбæтхъуаты Æхсарбег, компани «Бавария»-йы генералон директоры хæдивæг, «Фат-Агро»-йы хицау: «Ацыдыстæм Дæргъæвсмæ, уым фæлварæм ног мыггаг. Кæддæр нæ институты базæ æмæ нæ картоф ахæм хорз уыдысты æмæ нæм æлхæнджытæ цыдысты алы рæттæй. Суанг ма Сыбырæй дæр, Украинæйæ… Ныр дæр архайдзыстæм ууыл, цæмæй нæ картоф уа иннæтæй хуыздæр. Æмæ йæ уæй кæндзыстæм».

Æрдзон уавæртæм гæсгæ картофы ног хуызæн иттæг хорз сты Цæгат Ирыстоны хæххон районтæ. 200 метры бæрзæндыл сын тæссаг не сты нæдæр исты низтæ, нæдæр зулчъытæ. Афтæмæй рæзы картофы тыллæг дæр. Йæ хæрзхъæддзинад дæр.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania