филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:38 воскресенье, 19 мая 2024
28 апреля 2022, 11:23
Цыппор азæй фылдæр цы бæстыхайыл цыд, уырдыгæй ног бæстыхаймæ баивтой Хæзныдоны рæвдауæндон «Колосок»

Уым дæр сæрмагонд Федералон программæмæ гæсгæ арæзт æрцыд ног бæстыхай

Фылдæр гæнæнтæ. Цыппор азæй фылдæр цы бæстыхайыл цыд, уырдыгæй ног бæстыхаймæ баивтой Хæзныдоны рæвдауæндон «Колосок». Уым дæр сæрмагонд Федералон программæмæ гæсгæ арæзт æрцыд ног бæстыхай.

Рæстæджы цыдимæ фарстайæг хъуыддæгтæ лыггон цæуынц. Фæстаг азты Ирыстоны сабитæн фæзынд фылдæр гæнæнтæ. Сæрмагонд Федералон æмæ националон программæты фæрцы арæзт цæуы рæвдауæнттæ.

Гобети Ирмæ бирæ азты кусы сабиты зондахаст фылдæр кæныныл. Фæлæ ныр цы райдзаст æмæ æнцон архайæн уавæрты кусынц, ахæмтæ та сын никуы уыд.  Уый, æнæмæнг, бæрæг кæны сæ удыхъæдыл. Ныййарджыты хъуыдымæ гæсгæ, æрвылбон сæ сабитæ фæтагъд кæнынц  рæвдауæндонмæ.

Оксанæ, иунæг нæу, Хæзныдоны рæвдауæндоны коллективы куыстæй сæрыстыр чи у, ахæм ныййарæг. Ныртæккæ йæм цæуы 30 сывæллоны.

Уæвгæ Хæзныдоны ай  размæ цы  рæвдауæндоны бæстыхай уыди, уый адæмæн фæлæггад кодта 40 азæй фылдæр. Йæ уавæрмæ йын бирæ рæстæг, сæ цæст дардтой хъæуæй рацæуæг амалхъом адæм, стæй Æрæфы районы администраци. Рæвдауæндоны директор Таматы Алетæйы ныхæстæм гæсгæ. Ацы рæвдауæндоны цы гæнæнтæ ис, куыд хæринаджы æгъдауæй, афтæ ахуырадон программæтыл кусынæн,ахæмтæ бирæ рæтты нæй.

Рæвдауæндон «Колосок»-ы ис дыууæ къорды. Хистæр кары сывæллæттæ æмæ æртæ азы онг кæуыл цæуы,ахæмтæ.  Сабиты хъомыладыл куыст цæуы, алы хуызы дæр.

Хæзныдоны, кæд стырдæр хъæутæй нæу, цæры дзы 800 адæймагмæ хæстæг. Фæлæ йæ алы минæвар дæр цин кæны ног рæвдауæндоны сарæзтыл. Ардыгæй саби скъоламæ бакъахдзæф кæны ахуырады фыццаградон хъуыддæгтæй æххæст уæвгæйæ. Уый та уыди ныййарджыты бæллиц. Алкæйы бон нæу, йæ сывæллоны скъоламæ цæттæ кæнынмæ Цыколамæ , кæнæ Дзæуджыхъæумæ ласын. Ам та, къæпхæнгай райхæлы сæ зонындзинæдты къуыбылой æмæ сæ дарддæр фидардæр кæнынмæ бацæуынц хъæуы скъоламæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania