филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:41 вторник, 03 ноября 2026
11 ноября 2020, 13:06
Туаггуырæй ифтонг кæнынæй дарддæр ма ахсджиаг сты хуымæтæг медицинон лæггæдтæ дæр, уæлдайдæр та хъæуты

Æрвылбон Майрæмададжы дохтырты лæггадмæ иу æмæ дыууæ адæймаджы не рбацæуы

Туаггуырæй ифтонг кæнынæй дарддæр ма ахсджиаг сты хуымæтæг медицинон лæггæдтæ дæр, уæлдайдæр та хъæуты. Æрвылбон Майрæмададжы дохтырты лæггадмæ иу æмæ дыууæ адæймаджы не рбацæуы. Сæ иу боны куыстæн æвдисæн уыд Уртаты Сæрмæт.

Майрӕмададжы амбулатори райдайы райсомӕй кусын, абондӕр та рагафоны йӕхимӕ исы хъӕуы ӕххуысхъуаг цӕрджыты. Дохтыртӕ кӕдфӕнды дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕмӕ зӕрдӕхӕлар цӕстӕй ракӕсынц фӕкӕсынхъуаг уазджытӕм, лӕмбынӕг ӕмӕ бӕстонӕй равзарынц сӕ ӕнӕниздзинады къуылымпыдзинӕдтӕ. Хъӕуы дзӕбӕхгӕнӕнмӕ ӕрвылбон цӕуынц адӕм алы фарстатӕм, алы ӕххуысмӕ. Кӕй фӕхъӕуы фыццаг медицинон ӕххуыс, кӕй йӕ ӕнӕниздзинад базонын, чи та, йӕ радон дзӕбӕхгӕн процедурӕйы фӕдыл ӕрбацӕуы.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы бӕстыхаймӕ зылд цӕуы ӕрмӕст кусджыты фӕрцы. Ӕрӕджы дӕр сӕхи амӕлттӕй бацалцӕг кодтой медицинон хӕдзарӕн йӕ уӕтты къултӕ ӕмӕ пъолтӕ. Раст зӕгъгӕйӕ, уагдоны санитарон уавӕртӕ ӕвзӕр не сты, хъӕндзинад сӕм не сардзынӕ. Уӕлдай ӕхсызгон та у, хостӕ фаг кӕй кӕнынц, ӕмӕ сӕ афонадыл кӕй ӕрбаласынц, уый. Уӕдӕ цыбыркъух цӕмӕй сты кусджытӕ, уый дӕр базыдтам амбулаторийы медицинон хо, Аистовӕ Зойӕйы ныхӕстӕй. Сылгоймаг Ирыстоны не схъомыл, афтӕмӕй 46 азмӕ хъӕуы адӕмӕн йӕхи бауарзын кодта йӕ уыдуӕлдай куыстӕй, ӕмӕ йӕ уыдыхъӕды уӕздандзинадӕй.
Майрӕмададжы амбулаторийы кусджытӕ ӕрвылбон адӕмыл кӕй баузӕлынц, сӕ тыхст сахаты сын кӕй баллӕгад кӕнынц, уый, ӕвӕццӕгӕн, алы хатт дӕр вӕййы стыр хъӕбатырдзинад. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъӕрмуд ӕмӕ дӕсны дохтыртӕ кӕдфӕнды дӕр уыдысты ӕмӕ абон дӕр сты зӕрдӕхӕлардзинад тауӕг, уыдоны фӕрцы нӕ амфамбылайы цардуаг кӕны хӕлардӕр, ӕнӕниздӕр ӕмӕ сыгъдӕгдӕр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania