28 февраля 2024, 11:58
Туаты Азæмæт, Уæрæсейы ног регионты гуманитарон мисси сæххæст кæныны фæстæ, сыздæхт нæ республикæмæ
Кусæг балцы уыд дыууæ къуырийы, сæрмагонд проект «Педагогон десант» æххæст кæнгæйæ
Цæгатирыстойнаг педагог Туаты Азæмæт, Уæрæсейы ног регионты гуманитарон мисси сæххæст кæныны фæстæ, сыздæхт нæ республикæмæ. Кусæг балцы уыд дыууæ къуырийы, сæрмагонд проект «Педагогон десант» æххæст кæнгæйæ. Расидти йæ парти Иугонд Уæрæсейы Фæсивæдон гварди. Проекты архайджытæ æххуыс кодтой Херсоны облæсты цæрджытæн гуманитарон æххуыс райсыны хъуыддаджы. Туаты Азæмæт та бынæттон скъолаты арæзта уроктæ. Уыдонæй дарддæр ма сын дзырдта царды ахсджиагдæр хъуыддæгты тыххæй. Стыр æргом здæхтой патриотизммæ æмæ Фыдыбæстæ уарзынмæ.
темæмæ гæсгæ




