Архайдтой дзы бæрнон министрадты æмæ ведомствоты минæвæрттæ
Хицауады сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæйы разамындæй арæзт æрцыд ведомствоты хсæн къамисы æмбырд, æнахъом сывæллæтты фарстаты фæдыл. Архайдтой дзы бæрнон министрадты æмæ ведомствоты минæвæрттæ. Фæстаг рæстæг паддзахадон структурæты æмæ æхсæнадон организациты рдыгæй стыр æргом здæхт цæуы, æнахъом сывæллæтты хсæн барадхæлдтыты профилактикæмæ. Æмæ уыцы куыстæн скæнæн ис хорз хатдзæгтæ. Уый тыххæй радзырдта мидхъуыддæгты министрады æхсæнадон барадхъахъхъæнынады хайады хицауы хæдивæг Сæбæнаты Альберт. Йæ доклады бæстон æрлæууыд – æнахъом сывæллæтты хсæн наркоманийы æмæ карз нозты профилактикæйы фарстатыл. 2021-æм азы хатдзæгтæм гæсгæ нæ республикæйы рæзгæ фæлтæры хсæн фыдракæндты нымæц фæкъаддæр 47,1 % онг. Наркотикты зилдухимæ баст цауты та рабæрæг кодтой 3 æрыгон фыдгæнæджы. Фарон ма мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æхсæнадон бынæтты бауырæдтой 49 нозтджын сывæллоны. Уый, фаронимæ абаргæйæ, у 14% фылдæр. Уыимæ скъолаты æмæ уæлæмхасæн ахуырады объектты активонæй кусынц фæсивæдимæ. Фарон æппæт скъолаты арæзт æрцыдысты социалон-психологон тестытæ. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ фæкæсынхъуаг лæппутимæ æмæ чызджытимæ бакуыстой скъолаты психологтæ. Æмбырды ма ивддзинæдтæ бахастой Дзæуджыхъæуы æмæ районты къамисты хыгъдмæ, стæй ма сфидар кодтой ведомствоты хсæн къамисы куысты пълан ацы азмæ.




