филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:44 воскресенье, 01 февраля 2026
17 октября 2023, 12:19
Тугъанты Махарбеджы аивадон музейы байгом равдыст «Дзанæгатæ. Аивадимæ баст цард»

Экспозици сбаста фыд æмæ фырты сфæлдыстад, сæ цардæй ахицæн сты цалдæр азмæ

Тугъанты Махарбеджы аивадон музейы байгом равдыст «Дзанæгатæ. Аивадимæ баст цард». Экспозици сбаста фыд æмæ фырты сфæлдыстад, сæ цардæй ахицæн сты цалдæр азмæ. Дзанæгаты Чермен æмæ Зауырбег сты ирон æрмдæсныйады ирддæр минæвæрттæ. Сæ скульптурæтæ аив кæнынц горæты уынгтæ, музейтæ æмæ хи коллекцитæ. Дзанæгаты Чермен уыди фронтовик, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæн архайдта кæрæй-кæронмæ, хорзæхгонд æрцыди бирæ æфсæддон ордентæ æмæ майдантæй. Уæлахизы фæстæ Чермен йæ цард сбаста сфæлдыстадимæ æмæ йын дзы бантыст бирæ. Дзанæгаты Зауырбеджы куыстыты дæр ирдæй зыны йæхи æрмдзæф. Къухдæсныйы æппæтæй зындгонддæр куыстытæ сты Дзæуджыхъæуы «Намысы мемориал», стæй Беслæны «Хъыджы бæлас». Экспозици арæзт у музейы фондтæй æмæ хи коллекцитæй ист æрмæджытæй. Равдысты уацмыстæй ис балхæнæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania