филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:54 суббота, 21 сентября 2024
30 октября 2012, 09:58
Тугъанты Махарбеджы музейы байгом Модæты институты ахуырдзауты куыстыты равдыст «Фæззыгон блюз»

Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы байгом Дзæуджыхъæуы модæты институты ахуырдзауты куыстыты равдыст «Фæззыгон блюз». Арæзт у, фидæны дизайнерты æмæ модельерты цæттæдзинад сбæрæг кæнынæн.

Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы
байгом Дзæуджыхъæуы модæты институты ахуырдзауты куыстыты равдыст
«Фæззыгон блюз». Арæзт у, фидæны дизайнерты æмæ

модельерты цæттæдзинад сбæрæг кæнынæн. Цæмæй барухс кодтой æрбацæуджыты
зæрдæтæ æмæ цавæр ногдзинæдтæ бацæттæ кодтой, уый базондзыстут нæ
дарддæры æрмæгæй.

Национ, спортивон, фæсивæдон æмæ
сывæллæтты уæдлæдарæс, бæстыхæйттæ саив кæныны проекттæ…. Æппæт ацы
куыстытæм ног уддзæф бауагътой Дзæуджыхъæуы модæйы институты студенттæ.
Æрыгон специалисттæ уæндонæй равдыстой сæ хъуыдытæ, уæйгæнæн-ирхæфсæн
комплексты, алыхуызон салонты æмæ библиотекæтæ нырыккон хуызы куыд саив
кæнæн ис, уый тыххæй. Уæлдай зæрдæмæдзæугæ æмæ цымыдисагдæр та се ппæтæн
дæр уыд, рагон уæлæдарæс нырыккон хуызы куыд равдыстой, уый.

Плиты Зæринæ: «Мæ коллекци схуыдтон
«Фæстæмæ фидæнмæ». Цæмæн? Æвæццæгæн, мæ фæнды цæмæй фæсивæд зоной нæ
рагон уæлæдарæс, куыд æмæ цæмæйн афтæ уыд, уый. Фæлæ йæ æз аивтон
нырыккон рæстæгмæ хæстæгдæр куыд уа, афтæ. Равдыстон дзы дуне куыд
уынын, уый».

Æдæппæтæй 50 куыстæй фылдæр гуырын
кæнынц æнахуыр æнкъарæнтæ. Рог дымгæйау, цæстыты раз ауайынц рагон царды
нывтæ, ивгъуыд æнусты цавæр дзаумæттæ дардтой, цæмæй конд уыдысты,
цавæр нывæфтыдтæ сыл уыд, уый. Коллекци цæттæгæнгæйæ, студенттæ бакодтой
стыр куыст. Агуырдтой æмæ æмбырд кодтой алыхуызон æрмæджытæ æмæ
æвдисæнтæ. Æмæ ныр адæмы размæ рахастой, сæ зонындзинæдтæ æмæ
арæхстдзинад кæм баиу сты, уыцы дзаумæттæ.

Бтемыраты Зæринæ: «Мæнæн уæлдай æхсызгон
уыди ахæм коллекци куы федтон уæд. Цымыдисаг дæр у, рæсугъд дæр, стæй
зæрдæмæдзæугæ. Куыд кæсын афтæмæй тынг аив куыстытæ дзы ис».

Экспозици ахæсдзæн къуырийы бæрц. Æмæ
æрбацæуджыты бон бакæсын у дипломон куыстытæм дæр. Иумæйагæй равдыст
рауад рæсугъд…. – ахæм у се ппæты хъуыды. Ирд æмæ рæсугъд ахорæнтæ, сæ
зæрдæйы ахаст, се нкъарæнтæ – алцыдæр бæрæг дары. Уымæй уæлдай ма
дизайнертæн ахсджиаг у, проект кæмæн кæнынц, уый фæндон. Сæ равдыст
«фæззыгон блюз» хуымæтæджы не схуыдтой. Фæззæг йæ ахорæнтæ æнæвгъауæй
куыд лæвар кæны адæмæн, афтæ сæ рæдауай парахат кæнынц равдысты
архайджытæ дæр. Ахæм мадзал институт аразы ныр 4-æм аз. Æмæ алы хатт дæр
вæййы ног, хицæн фæкæны иннæтæй. Уый та банымайæн ис, фидæны дизайнерты
æмæ модельерты цæстæнгас кæй ивы, рæстæгимæ æмдзу кæй кæны, уый
æвдисæныл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania