филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:46 воскресенье, 19 мая 2024
30 октября 2013, 11:30
Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы байгом ирон нырыккон орнаменталон аивады бындурæвæрæг Багаты Барисы куыстыты равдыст

Аивадуарзджытæн дзы сæ бон фенын у 60 куысты. Равдыст арæзт у нывгæнæджы нæуæдз азы юбилеймæ. Аивадиртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Багаты Барис иттæг хорз зоны ирон орнаменты сусæгдзинæдтæ, æмæ сæ хъахъхъæны.

Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы байгом ирон нырыккон орнаменталон аивады бындурæвæрæг, Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Багаты Барисы куыстыты равдыст.

Аивадуарзджытæн дзы сæ бон фенын у 60 куысты. Равдыст арæзт у нывгæнæджы нæуæдз азы юбилеймæ. Аивадиртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Багаты Барис иттæг хорз зоны ирон орнаменты сусæгдзинæдтæ, æмæ сæ хъахъхъæны. Адæмон нывгæнæг пайда кæны алыхуызон фæрдгуытæй, цæппузыртæй æмæ æндæр хуымытæг æрмæгæй. Ацы экспозицийы та фенæн ис зындгонд адæмы портреттæ алайнаг æмæ скифаг нывæфтыдтимæ. Равдыст ахæсдзæн 10-æм ноябрьмæ. Багаты Барисмæ ис бæллиц – йæхи музей скæнын. Йæ зæрдæ дары, кæй йын бантысдзæн, ууыл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania