Æппæт сезонты чи кусдзæн, уыцы курорт фадат ратдзæн республикæйы фылдæр куысты бынæттæ самал кæнынæн, æмæ экономикæйы æмæ туризмы къабазы рæзтæн, æмтгæй райсгæйæ
Цæгат Ирыстоны фидауц чи суыдзæн, ахæм проект. Туристон-рекреацион комплекс Мамысоны арæзтад бацыд йæ тæмæны. Æппæт сезонты чи кусдзæн, уыцы курорт фадат ратдзæн республикæйы фылдæр куысты бынæттæ самал кæнынæн, æмæ экономикæйы æмæ туризмы къабазы рæзтæн, æмтгæй райсгæйæ. Ныртæккæ комплексы территорийы цавæр куыстытæ цæуынц, æмæ фыццаг туристты кæд суазæг кæндзæн Мамысон.
Фидæны къахдзоныгътыл бырыны фæлладуадзæн бынаты куыстытæ сты сæ тæмæны. Арæзт дзы цæуынц æппæт гæнæнтæ адæмы æнцойдзинадæн. Ам уыдзæни 3 уæладзыгон бирæвæрсыг центр. Иннæ рдыгæй машинæтæн æрлæууæн бынат. Реконструкцигонд тъунелæй арæзтадон объекттæм ныр цæуы асфальтæй конд фæндаг.
3 мин метры бæрзæндмæ схизгæйæ фенæн ис егъау арæзтады ахадындзинад, комы апарахат сты бирæ инвестицион фæзтæ. Цæугæдоны цур сырæздзæн æрлæууæн бынат, æмæ уый тыххæй донвæд бахъуыд гыццыл аивын. Акæсгæйæ зæрдæ райы. Фидæны курортон бынæттæн бындур æвæрд цæуы æнæрлæугæйæ. Техникæ кусы, къæдзæхты аразы къахдзоныгътыл бырыны фæндæгтæ. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ам къахдзоныгътыл бырыны сезон уыдзæни майы онг. Хæхты фæхстæ цæттæ кæнынц. Ацы фæзы та æрбынат кæндзæни административон бæстыхай. Объекты цы аразджытæ кусынц, уыдон сæ куыст зонынц иттæг хорз. Уымæ гæсгæ, дызæрдыггаг нæу, алывæрсыг арæзтæдтæ æмбæлгæ уагыл конд кæй æрцæудзысты, уый.
Хæхты арæзтад æнцон куыст нæу. Ацы ран та уæлдай зындæр у кусын. Экскаватортыл кусгæйæ къæдзæхтæй згъæлынц стыр дуртæ, уыимæ ма объект ис, ламидæттæ рацæуынæй тæссаг кæм у, ахæм бынаты. Уымæ гæсгæ дзы æххæст кæнынц æдасдзинады мадзæлттæ.
Мамысонгомы арæзтады фыццаг къæпхæн хъуамæ кæронмæ фæуа 2024-æм 2025-æм азы сезонмæ. Иннæ аз та фæнд кæнынц бæндæнæй фæндаг æмæ фæлладуадзæн бынат æххæстæй скусын кæнын.




