филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:17 суббота, 28 сентября 2024
10 ноября 2021, 13:34
Туристтæ фылдæр кæдæм цæуынц, уыцы бынæттæй иу у Дæргъæвс

Уырдæм ис цалдæр фæндаджы

Туристтæ фылдæр кæдæм цæуынц, уыцы бынæттæй иу у Дæргъæвс. Уырдæм ис цалдæр фæндаджы. Сæ иу цæуы Къæхтысæры уылты. Фæлæ фæндаг æдас нæу. Иу кæны 6 хъæуы. Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты йæ цалцæг кæнын райдыдтой бынæттон цæрджытæ. Зиуæн æвдисæн уыди не сфæлдыстадон къорд. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Зындзæуæн фæндæгтыл цæуынæй сфæлмæцыдысты, æмæ райстой белтæ. Архайынц æй банывыл кæныныл сæхи хъарутæй. Техникæ баххуырсынц, балхæнынц хъæугæ кусæн æрмæг. Се хсæн джимарайаг  зыдгонд æрхъуыдыгæнæг Уарзиаты Æхсарбег.  Ныридæгæн ма сарæзта ам чысыл ГЭС. Йæ фæрцы хъæуы цæрджытæм æдзухдæр ис рухс. Ныр сæ сæйрагдæр хæс у бахъахъхъæнын фæндаджы историон хай. Зыгъын ма хъæуы уый, æмæ йæм цæстдард никуы уыд.

Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, фæндаг цæуы Цæгат Ирыстоны зындгонд туристон бынæттæй иумæ. Бæлццæтæй биртæ Дæргъæвсы зæппæдзтæм цæугæйæ сæ фæндаг акæнынц ауылты. Фæлæ фæндаг æдас нæу, цæуын ыл у фæлварæны хуызы.

Зымæджы фæстæ, кæнæ сæрдыгон уарынты фæстæ фæндаг ногæй аразинаг свæййы. Уæвгæ, фæндагыл цæуы æнусæй фылдæр. Бынæттон цæрджытæ куыд зонынц, афтæмæй тæтæр-монголы ныббырстытæн дæр разынд фæразон. Ныртæккæ дзы ис 33 фæзилæны. Уыимæ фæндаг иу кæны 6 хъæуы. Сæ цæрджытæ дарддæр дæр фæнд кæнынц хи фæрæзтæй фæндаджы цалцæгыл кусын. Сæ ныхæстæм гæсгæ Хицауадмæ цы бирæ курдиæттæ арвыстой, уыдон баззадысты æнæ цæстдардæй. Уыцы-иу рæстæг та республикæйы транспорты æмæ фæндаггон структурæйы комитеты зæгъынц – ацы фæндаг сæ ведомствойы официалон æгъдауæй хыгъды нæй. Уымæ гæсгæ йæ цалцæг кæнынæн дæр фæрæзтæ не снысан кодтой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania