филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:24 воскресенье, 06 октября 2024
20 ноября 2014, 12:14
Туризмы, амалхъомдзинады æмæ инвестицион политикæйы министрад равзæрста 211 бизнесмены, æмæ сын радта гранттæ

Паддзахадон æххуыс чи райста, уыдоны хсæн сты: шоколад аразæг хи чысыл фабрикæ, маршрутон такситы монитортææвæрæг фирмæ æмæ типографи. Цы æхца сын радих кæндзысты, уыдонæй хъуамæ спайда кæной æрмæстдæр сæ куыстуæтты.

75215
Ацы мæй Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд амалхъом адæмы хсæн конкурс хуыздæр бизнес-проект скæныны тыххæй. Туризмы, амалхъомдзинады æмæ инвестицион политикæйы министрад равзæрста 211 бизнесмены, æмæ сын радта гранттæ. Паддзахадон æххуыс чи райста, уыдоны хсæн сты: шоколад аразæг хи чысыл фабрикæ, маршрутон такситы монитортææвæрæг фирмæ æмæ типографи. Цы æхца сын радих кæндзысты, уыдонæй хъуамæ спайда кæной æрмæстдæр сæ куыстуæтты.

Цалдæр азы рауагъдад «Ника-пресс» уадзы сывæллæтты журнал «Барсик». Йæ тираж у мин экземпляры. Рауагъдады разамонæг Томайты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй сын ныртæккæ æндæр гæнæн нæй, æмæ журналы нал уадзынц. Ацы мыхуыры фæрæз æгæр зынаргъ у, æмæ «Ника-пресс»-æн йæ хæрдзтæ фæфылдæр сты. Уымæ гæсгæ хаст æрцыд уынаффæ, сывæллæтты республикон интернет-портал байгом кæныны тыххæй. Рауагъдады кусджыты хъуыдымæ гæсгæ, сайтмæ чи бацæуа, уыдонæн фылдæр гæнæнтæ уыдзæн. Фæлæ, цæмæй сайт иудадзыгдæр куса, уый тыххæй чысыл фæрæзтæ нæ хъæуы. Уымæ гæсгæ рауагъдады разамынд балæвæрдта гæххæттытæ, грант райсынæн. Æмæ сын æй радтой.

Айларты Зарæ: «Хорз у, ахæм сайт кæй скуыста, уый. Сывæллæттæ фылдæр зоныныдзинæдтæ исдзысты. Фæлæ хорз уаид, журнал йæхæдæг куы цæуид, уæд».

Зæгъын хъæуы уый, æмæ сайт канд сывæллæттæн арæзт нæу, фæлæ сæ ныййарджытæн дæр. Базонæн дзы ис ирон адæмы культурæ, истори æмæ традицитæ. Æппæт текстытæ дæр фыст сты куыд уырыссагау, афтæ иронау дæр. Сывæллæттæн сæ бон у хъазын, мультипликацион нывтæм кæсын æмæ музыкæмæ хъусын.

Суменаты Зæринæ, интернет-портал «Барсик»-ы редактор: «Ацы сайты фæрцы сывæллæттæ базонынц ирон адæмы культурæ, æгъдæуттæ. Уыимæ сайт арæзт у ныййарджытæн дæр. Дæхи ирон уæд хондзынæ, традицитæ æмæ культурæ куы зонай, уæд».

Æмæ ма иу ахсджиаг хъуыддаг. Паддзахадон æххуыс цы проектты хицæуттæ райстой, уыдон хъуамæ æхца схардз кæной æрмæстдæр сæ куыст фæхуыздæр кæнынæн.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania