23 июня 2022, 13:44
Туризмы къабазы фарстатыл æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды
Амыдта йæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис
Туризмы къабазы фарстатыл æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Дзырдтой, туристон кластер саразынæн мастер-пъланыл бакусыныл. Уый у, президенты хæслæвæрд, Сергей Меняйлоимæ фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ. Ацы хъуыддаг æххуыс уыдзæн территориты комплексон райрæзтæн. Дзанайты Барис туризмы комитетæн бабар кодта, хæстæгдæр рæстæг бацæттæ кæнын мастер-пъланыл бакуысты фæндаггон картæ, алы къæпхæн æххæст кæныны бæлвырд æмгъуыдтимæ.




