Цæгат Ирыстон, рæстæгмæ æрлæууæн объекттæ саразынæн, 2 азмæ райста 600 милуан сомы
Туризмы къабазы инвестицион проекттæ æххæст кæныныл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Цæгат Ирыстон, рæстæгмæ æрлæууæн объекттæ саразынæн, 2 азмæ райста 600 милуан сомы. Национ проект «Туризм»-ы фæлгæты исынц модулон фысымуæттæ аразынæн курдиæттæ. Æрæфы районы турбазæ «Дзинага»-йы территорийы байгом 20 номеры. Горæтгæрон районы «Барс» дæр зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсы уазджытæм, ис дзы 3 модулы. Алагиры районы кæронмæ фæхæццæ кæны проект «Арвайдæн». Объекты уыдзæни 54 рæстæгмæйы бынаты. Регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло радта хæс – республикæйы цæрджытæн дæр æмæ туристтæн дæр зæрдæмæдзæугæ уавæртæ аразын. Уымæн та æрмæст фысымуæттæ аразын нæ хъæуы, фæлæ маршруты лæггæдты æмвæзад æмтгæй райсгæйæ фæбæрзонддæр кæнын, загъта Дзанайты Барис. Æмбырды ма æрдзырдтой объекттæ инженерон хызтæм баиу кæныны, фæндæгты инфраструктурæйы рæзты фарстатыл, стæй инвестортæн административон хъуыддæгтæ æххæст кæныны процедурæтæ фæрогдæр кæныныл.




