Уый тыххæй фехъусын кодтой экологийы æмæ æрдзон æвæрæнты министрады специалисттæ
Турмоны фæдзæхст бынаты 3 азмæ райгуырдысты 6 зубры лæппыны. Уый тыххæй фехъусын кодтой экологийы æмæ æрдзон æвæрæнты министрады специалисттæ. Хъæддаг цæрæгойты нымæц кæй фæфылдæр, уый базыдтой къамисæн къæппæджыты фæрцы. Уæвгæ та Кавказы зубрты популяци сног кæныны программæ æххæстгонд цæуы, национ проект «Экологийы» федералон проектмæ гæсгæ. Фæдзæхст бынаты территорийы зубрты иумæйаг нымæц схызт 40-45-мæ. Цæгат Ирыстоны ахæм къордтæ сног кæныны куыст райдыдта 60 азы размæ. 2010-æм азы Цъæйы фæдзæхст бынаты рауагътой фыццаг цæрæгойты, æмæ абон сæ нымæц схызт 120 зубры онг. Фæстæдæр ахæм куыст кæнын райдыдтой Турмоны фæдзæхст бынаты. Ныртæккæ æртæ къордæй ацы дыууæ Цæгат Кавказы нымад сты æппæтæй хæрзмыггагдæр зубртыл. Æртыккаг къорд та ис Хъæрæсе-Черкесийы. Ирыстоны Турмоны цæугæдæтты хсæн ис 36 километры. Уым ис хъæздыг хъæд. Уымæ гæсгæ дзы уыцы-иу рæстæг уæвæн ис 300 зубрæн.
