филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:25 воскресенье, 05 мая 2024
26 августа 2022, 11:55
Тускъаты Таисæ Æрæфы районы рынчындоны куыстæн балæвар кодта йæ царды фылдæр хай

Йæ адæмуарзондзинад ын мысынц æмæ йын аргъ кæныныц йæ лæггæдтæн

Алы адæмы хатмæ дæр дохтыры дæсныйад бæрзонд æвæрд у. Уыцы дæсныйадыл хæст адæймаг йæхи цардæй сæйрагдæр скæны иннæты æнæниздзинад, иннæты фидæн. Хоздзауты-Тускъаты Таисæйы уарзондзинад йæ дæсныйадмæ æгæрон уыд. Æрæфы районы рынчындоны куыстæн балæвар кодта йæ царды фылдæр хай. Йæ адæмуарзондзинад ын мысынц æмæ йын аргъ кæныныц йæ лæггæдтæн.

Йæ царды фæндаг æнусы рдæг,  йæ хæдзарæй Цыколайы рынчындонмæ, йæ зæрдæдзургæ пациенттæм æмæ фæстæмæ йæ уарзон бинонтæм, цы Хуасдзауты Дзамболаты чызг Таисия кодта, уымæ ныр рынчындоны къæридорты ничи уал æнхъæлмæ кæсы. Зæрдрыстæй æй мысынц, кæнынц йын йæ кой.

Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц – адæймаг цæры цалынмæ йæ адæм хъуыды кæной, уæдмæ. Æрмæст рынчынтæн  нæ уыд сæ ныфс, фæлæ фидар цæджындз – æмгусджытæн дæр.

Кæд æмæ хæсты сывæллæттæн уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуын æнцон нæ уыд, уæлдайдæр  хъæуккæг, бирæсывæллонджын бинонты хъомылгæнинагæн.

Таисия некуы ферох кодта йæ ныййарджыты тухитæ, алкæддæр сæ уыд арфæйаг.

 Æрæфы  районы цæрджытæ Хосдзауты Таисийы фæлмæн дзырдæй чи нæ фæхайджын, ахæмтæ бирæ нæй. Уæлдай ныхасы аккаг сты Тасияйы ахастдзинæдтæ йе нгом бинонтæ – æфсымæртæ æмæ хотимæ. Йе фсымæр Хосдзауты Тазæрет, йæ цæссыгтæ уромын йæ бон нæу  йæ уарзон хойы мысгæйæ.

Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыр, бирæ Паддзахадон хæрзиууджыты аккаг  адæймаг, йæ куысты дæсны.  Хосдзауты Дзамболаты чызг Таисийы адæмуарзондзинад, йæ фæлмæн ныхасы цы арф хъуыды æвæрдта, стæй йæ равзæрст дæсныйадæн куыд зæрдиагæй лæггад кодта, уый феронх кæнын зын уыдзæн. Бирæ дохтырты фæлтæртæ йын пайда кæндзысты йæ зонындзинæдтæ, йæ дæсныйадмæ фæндаг та йын дæнцæгæн дардзысты суинаг дохтыртæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania