Амæй размæйы бæрæггæнæн мадзæлтты фæстæ Хицауады сæрдармæ уыди бирæ фиппаинæгтæ
Тускъаты Таймураз æрзылди æмæ аргъ скодта республикæйы социалон объектты арæзтадæн. Амæй размæйы бæрæггæнæн мадзæлтты фæстæ Хицауады сæрдармæ уыди бирæ фиппаинæгтæ. Арæзтæдон куыстыты тыххæй, премьер сбæрæг кодта бæлвырд æмгъуыд. 25-æм декабры онг хъуамæ фæуой куыстыты 80%. Тускъаты Таймураз бæстонæй йæ цæст æрдардта ахуырадон æмæ спортивон объектты арæзтадмæ. Дзæуджыхъæуы 12-æм микрорайоны бабæрæг кодта спортивон фæз, аразынц дзы дыууæуæладзыгон спортивон центр. Скъолатæ ма ноджыдæр арæзт цæуынц Дзæуджыхъæуы 2 микрорайоны. Æмæ æрмæст уый нæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.
Национ музейы рацарæзт нырма йæ тæмæны ис. Ныртæккæ объекты кусынц амайджытæ, царæмбæрзджытæ æмæ реставратортæ. Тускъаты Таймураз куыстыты хæрзхъæддзинад куы сбæрæг кодта, уæд æркастис музейы равдыстыты залмæ дæр.
Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны дыууæ хайады арæзтад йе рдæгыл ис. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ къухы фылдæр бафтыдаид, фæлæ сæ арæздадтмæ цæстдард æгæр арæх кæй бæрæг кæны, уый тыххæй сæ куыст къуылымпы кæны.
Азæй азмæ æнæниз цардыуагмæ æмхиц кæны фылдæрæй фылдæр фæсивæд. Уый хыгъд ныридæгæн республикæйы спорты галуанты бынæттæ нал фаг кæны. Фæлæ национ проектты архайды фæрцы нудæсæм микрорайоны аразынц уæгъдибар хъæбысхæсты галуан. Бæстыхайы уыдзæнис дыууæ уæладзыджы. Уым уыдзæнис авд гауызы æрмæст хъæбысæйхæцынæн нæ, фæлæ ма дзюдо æмæ самбойæн дæр.
Дзæуджыхъæуы сæ тæмæны сты ахуырадон куыстуæтты арæзтад. 2020 азмæ горæты сараздзысты, иу мин æмæ сæдæ бынаты кæм уыдзæнис, ахæм скъола. Уый фæрцы Дзæуджыхъæуы скъолаты нал уыдзæнис дыккаг сменæ.
Социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ аразынц нæ республикæйы районты дæр. Æрыдоны æмæ горæтгæроны районты цалдæр хъæуты уыцы иу рæстæг аразынц амбулаторитæ, рынчындонтæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæм уæлæмхасæн агъуыстытæ. Куыстыты цыдæй премьер-министр баззадис разыйæ. Æмырды рæстæг бæрнон адæмæн дæр бафæдзæхста, цæмæй арæзтады æмгъуыдтæ æххæст кæной, уый тыххæй.
Рахизфарсы районы сывæллæтты рæвдауæндоны арæзтады ис къуылымпыдзинæдтæ. Гæнæн ис æмæ куыстытæ фæуой æмгъуыдæй æрæгмæдæр. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй æмгъуыд куы фехалой, уæд уый æвзæрыдæм фæзындзæнис республикæйы кадыл.
Алагиры районы аразынц уæлæмхасæн агъуыстытæ дыууæ рæвдауæндонмæ. Иу объекты куыстытæ цæуынц æмбæлгæ фæткыл. Гæнæн ис æмæ арæзтад фæуа æмгъуыдæй раздæр. Иннæ объекты та нырма ныр райдыдтой арæзтад. Тускъаты Таймураз радта хæслæвæрдтæ районты разамындæн, цæмæй объекттæ бæрæг кæной æрвылкъуыри.




